«Беслæн – æнæдзæбæхгæнгæ хъæдгом…»

0
75

Мæскуыйы Адæмыхæттыты хæдзары 2025 азы 15 сентябры байгом  Беслæны фыццæгæм скъолайы 2004 азы сентябры теракты фæмардуæвджыты номыл равдыст «Беслан. Помнить, чтобы жить». Арæзт у Уæрæсейы Президенты раз Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæивгæ минæварады хъæппæрисæй. Экспозици æвдисы уыцы трагикон уæззау цауты хронологи æмæ конд у фондз хайæ: «Предчувствие», «Захват», «Ожидание», «Развязка», «Живопись». Сæрмагонд бынат дзы ис, скъолайы цы 184 сывæллоны фæмард, уыдоны портреттæн. Ныффыста сæ нывгæнæг Михаил Чернов. Йæ куысты сæйраг нысан у теракты амæттæгты ном сæнусон кæнын.

«Алы хатт дæр фæкæсын уыцы хуызистытæм æмæ не ‘мбарын, куыд æмбæлд къух сисын, æппæты зынаргъдæр нын цы у царды, уыцы хæзнамæ – сабитæм. Нæ зæрдæты рис ис, æрмæстдæр рис», – ахæм ныхæстæ загъта, равдыст гомгæнгæйæ, Михаил Чернов.

Мадзалы архайдтой Уæрæсейы Президенты раз РЦИ-Аланийы æххæстбарджын минæвары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзасохты Тамерлан, республикæйы Парламенты депутат Тæтæонты Алыксандр, Мæскуыйы Адæмыхæттыты хæдзары директор Сергей Ануфриенко, регионалон æхсæнадон организаци «Норд-Ост»-ы Координацион советы сæрдар Дмитрий Миловидов,  комитет «Беслæны мадæлтæ»-йы минæвар Гæдиаты Анетæ,  культурон-патриотон центр «Беслæн. Фыццæгæм скъола»-йы директор Сохиты Ларисæ æмæ æндæр кадджын уазджытæ.

Дзасохты Тамерлан загъта: «Иу æмæ ссæдз азы кæд рацыд уыцы уæззау бонтæй нырмæ, уæддæр Беслæн нæ зæрдæты ис. Ацы равдыст æрмæст уыцы трагедийы æвдисæн нæу, фæлæ – адæймаджы ныфс, сывæллæттæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджыты æхсар æмæ хъæбатырдзинад æвдисæг. Мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм уыцы цаутæ, уый у фидæны фæлтæрты раз нæ бæрнондзинад».

Тæтæонты Алыксандр йæ раныхасы фæбæрæг кодта, Беслæн кæй ссис фыдбылызы æппæты æбуалгъдæр хуыз – æнæиргъæвæг адæмы ныхмæ терроры символ: «Ацы трагеди æрмæст историйы сыф нæу, уый у æнæдзæбæхгæнгæ хъæдгом. Фæлæ уыцы рисы бындурыл нæ бон у, фыддзинад æмæ тыхы ныхмæ чи фæлæудзæн, ахæм æхсæнад саразын».

Гæдиаты Анетæ куыд загъта, афтæмæй сентябрь у уыцы фыдбылызы бахауджытæн сæрмагонд рæстæг: «Алы фыццæгæм сентябрь дæр – фæстæмæ раздæхыны рæстæг. Уыцы хъыг нæ зæрдæтæй нæ фæцух уыдзæн нæ царды фæстаг сулæфтмæ. 21 азы рацыд, фæлæ дудгæ хъæнтæ нæ дзæбæх кæнынц, уымæн æмæ террористон акты бахауæг сывæллæттæ сырæзыдысты, фæлæ сæхи аххосджын кæнынц, скъолайы чи баззад, уыдон æвирхъау адзалы».

Сергей Ануфриенко арфæ ракодта мадзал саразджытæн æмæ бахахх кодта, аивадæн стыр нысаниуæг кæй ис ахæм цаутæ зæрдыл дарынæн: «Равдыст зæрдæтæм хъары. Аивад ам æрмæст трагеди æвдисæг нæу, фæлæ – æгæсты ныхас, чи нал ис, уыдонимæ, стæй, æгас чи у, уыдонимæ та – цæмæй ахæм æвирхъау цау мауал æруадзой. Бузныг, ацы мадзалмæ йæ зæрдæйы рисы кæрдих æмæ ныфсы æнкъарæн чи бахаста, уыдонæн».

Равдыстмæ æрбацæуджытæн равдыстой архивон видеохроникæ – 2004 азы сентябры æртæ боны цаутæ. Бирæтæ сæ цæссыг нæ баурæдтой. Равдыст кусдзæн 22 сентябрмæ.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here