Цæгат Ирыстоны паддзахадон универитеты йæ куыст фæцис гетероциклинон иугæндты химиимæ баст Æппæтуæрæсеон фыццаг конгресс.
Ардæм æрæмбырд сты раззагдæр ахуыргæндтæ-химиктæ, семæ – Уæрæсейы наукæты академийы уæнгтæ æмæ уæнг-уацхæсджытæ, афтæмæй. ЮНЕСКО-йы залы скодтой конгресс кадджын уавæры сæхгæныны хъуыддаг. Уазджытæн æмæ фысымтæн сæ ахсджиаг æмæ ахадгæ куысты тыххæй бузныг загътой Мæскуыйы паддзахадон университеты органикон химийы кафедрæйы разамонæг, профессор Валентин Ненайденко, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты фундаменталон æмæ органикон химийы кафедрæйы разамонæг Абайты Владимир.
Уыцы ран ма конгрессы æппæты æвзонгдæр архайæг 12-аздзыд Верæ Ростовайæн раттой зæрдылдарæн лæвар. Валентин Ненайденко куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй конгрессы куысты рæстæг байхъуыстой бирæ раныхæстæм, æмбæлгæ хабæрттæ фехъусын кодтой химиктæн. Гетероциклинон иугæндтæ сты хосты æмæ æндæр ахсджиаг æрмæджыты æвæрд культурон бындуртæ. Уымæ гæсгæ фылдæр ныхас уыцы темæ бацахста. Ома, наукæ æмæ практикæ кæрæдзиимæ куыд баст сты, уый бæрæггонд цыд.
«Фæнды мæ, конгрессы сарæзтыл зæрдиагæй чи бацархайдта, уыдонæн бузныг зæгъын, Цæгат Ирыстоны университеты командæ æмæ йæ ректор Огъуаты Алан. Уыдоны руаджы базыдтам, наукæ æмæ ахуырады фарстаты тыххæй куыд цымыдисæй дзурын хъæуы, бынæттон цæрджыты рæдаудзинад æмæ уæ республикæйы рæсугъддзинæдтæ дисы бафтыдтой», – загъта мæскуыйаг уазæг.
Цыппар боны дæргъы химион къабазы раззагдæр ахуыргæндтæ æвзæрстой органикон химийы нырыккондæр æмæ пайдайагдæр рахæцæнтæ. Æдæппæтæй дзы архайдтой 220 ахуыргонды, уыдон рæгъмæ рахастой 114 раныхасы, балæвæрдтой ма сæ постты хуызы дæр. Æвзæрстой ног синтетикон æмæ каталитикон мадзæлттæ, стереохимийы сусæгдзинæдтæ, æрдзон æрмæджыты синтез æмæ æндæр вазыгджын нысантæ.
Филологон факультеты бацæуæны скодтой постты сесситæ, автортæн сæ бон бацис сæ проекттæ рæгъмæ рахæссын. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан фембæлд раззагдæр ахуыргæндтимæ, ныхас бацахстой наукон
куыстытæ цардмæ хæссыны фарстатæ, республикæйы куыстуæттимæ æмгуыстад. Уазджытæ фæбæрæг кодтой цæгат ирыстойнаг ахуыргæндты хъомыс, иумæйаг проекттæм сын се ‘ргом раздахыныл дæр ныхас цыд.
Наукæйыл ныхасгæнгæйæ рохуаты нæ баззадысты республикæйы культурон бынтæ дæр, уазджытæ федтой Цъæйгом, Хъæрмæдон. Уæдæ сын сæ зæрдæтæ балхæдтой кæфтыты ансамбль «Чысыл джигит», зарæггæнджыты къорд «Уацамонгæ», Реуазты Данæйы поэтикон бакастытæ æмæ æндæр артисттæ.
ЦИПУ-ы пресс-службæ














