Пенсион æмбырдгæнæн æхцатæ

0
54
Smiling businesswoman using phone in office. Small business entrepreneur looking at her mobile phone and smiling.

Фарон Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад нæ регионы цæрæг 1253 адæймагæн пенсион æмбырдгæнæн æхцатæ бафыста.

Æмбырдгæнæн пенси кæмæ сæвзæрд, фиддонтæ райсыны бар ис ахæм адæймæгтæм. Адонмæ хауынц:

– 2002 азæй 2014 азмæ куыстдæтджытæ фæдзæхстадон фиддонтæ кæй тыххæй фыстой, 1967 аз æмæ уый фæстæ райгуырæг ахæм кусæг адæймæгтæ;

– 2002-2004 азты кæй пенсион æмбырдгæнæн æхцатæ сæвзæрдысты, 1953-1966 азты райгуырæг ахæм нæлгоймæгтæ æмæ 1957-1966 азты райгуырæг сылгоймæгтæ;

– Пенсион æмбырдгæнæн æхцатæ æхцайæ паддзахадон æмæфсисады программæмæ гæсгæ, фиддонтæ барвæндонæй бафидæг адæймæгтæ;

– ныййарæджы капитал æмбырдгæнæн пенсимæ барвитæг ныййарджытæ.

Пенсион æмбырдгæнæн æхцаты фæрæзтæ бафидæн ис иурæстæгон фиддоны, æмгъуыдмæ пенсион фиддоны, кæнæ æмбырдгæнæн пенсийы хуызы. Сылгоймæгтæн фиддон сæвæрæн ис 55-аздзыдæй, нæлгоймæгтæн та – 60-аздзыдæй. Уымæй уæлдай, кармæ гæсгæ пенси æмгъуыдæй раздæр сæвæрыны бар кæмæ ис, фиддон райсыны бар ис ахæм адæймæгтæн дæр.

Фиддоны хуыз аразгæ у пенсион æмбырдгæнæн æхцаты фæрæзты бæрцæй æмæ пенсиисæгæн фæцæрынæн хъæугæ æппæтæй къаддæр хæрдзты иумæйагуæрæсейаг бæрцæй.

Пенсион æмбырдгæнæн æхцаты фæрæзты хардзæй фиддонтæ райсынæн курдиат барвитын хъæуы бæстæйы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады клиентон службæмæ, кæнæ та портал «Госуслуги»-йы фæрцы. Пенсион æмбырдгæнæн æхцатæ кæд æнæпаддзахадон пенсион фонды æвæрд сты, уæд сæм бахатын хъæуы амынд фондмæ.

Пенсион æмбырдгæнæн æхцатæ фидынц мæнæ ахæм уагæй:

— уыцы-иу рæстæг (æмбырдгæнæн пенси сæвæрыны бонмæ нымад æмбырдгæнæн пенсийы бæрц æппæт Уæрæсейы Федерацийы пенсиисæгæн фæцæрынæн хъæугæ æппæтæй къаддæр хæрдзты бæрцимæ кæд æмхуызон, кæнæ 10 проценты къаддæр у, уæд æппæт пенсион æмбырдгæнæн æхцатæ уыцы-иу рæстæг бафидынц æппæт бæрцæй);

– бæлвырд æмгъуыдмæ æрвылмæй (курдиат  барвитæг адæймаг кæй сбæлвырд кæна, фиддонтæ фидынц ахæм æмгъуыдмæ, ацы æмгъуыд 10 азæй къаддæр куыд нæ уа, афтæ);

– æрвылмæй æмæ цæрæнбонты дæргъы (æппæт Уæрæсейы Федерацийы пенсиисæгæн фæцæрынæн хъæугæ æппæтæй къаддæр хæрдзты бæрцæй æмбырдгæнæн пенсийы бæрц 10 процентæй фылдæр кæмæн у, уыдонæн)

Портал «Госуслуги»-йы индивидуалон хыгъдæй рафыст заказ скæнгæйæ, адæммæ ис хи пенсион æмбырдгæнæн æхцаты бæрц хæдбарæй базоныны бар. Уымæй уæлдай, адæймагмæ ис Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады клиентон службæмæ, кæнæ бирæкъабазджын центрмæ бахатыны бар. Пенсион æмбырдгæнæн æхцаты бæрцы тыххæй бæрæггæнæнæй фæстæмæ, ацы æхцатæ кæм сæвзæрдысты, рафысты ис уый тыххæй дæр хъусынгæнинаг.

Ацы азы 1 августæй фæстæмæ æмбырдгæнæн пенситы бæрцыл бафтыд 10,98 проценты, æмгъуыдмæ пенсион фиддонтыл та – 11,32 проценты.

Уæрæсейы Социалон фонды иумæйаг контакт-центр: 8-800-100-00-01 (телефонæй фæдзурæн ис лæвар; регионалон хайады куысты фæтк: къуырисæрæй цыппæрæммæ – 9 сахатæй 18 сахаты онг, майрæмбоны та – 9 сахатæй 16 сахаты æмæ 45 минуты онг).

УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here