«Ирыстоны æхсар» – Ирыстоны фæрныгадæн

0
155

Ахуырадон программæ «Ирыстоны æхсар» царды æрæджы уагъд æрцыд æмæ йæ тыхы бацыд. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ветерантæ паддзахадон политикæ, экономикæ æмæ финанстæ, регионалон æмæ муниципалон хицаудзинады нырыккон уавæрты фæтк æвæрыны сусæгдзинæдтæ сæхицæн æргом кæнынц программæйы æххуысæй. Дарддæр йæ архайджытæй алчидæр йæ бынат ссардзæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон æмæ муниципалон хицаудзинады оргæнты, æхсæнадон иугондтæ æмæ организациты.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги йæ куыстыл сæрæнæй æфтауы «Ирыстоны æхсар»-ы архайæг Дзитойты Русланы. «Уынын, стыр цымыдисдзинад æм кæй ис, æз Хицауады дзуапп цы къабазыл дæттын, уымæ. Æрвылбон Руслан архайы, цы æмбырдтæ æмæ нæм кусæг фембæлдтытæ вæййы, уыдоны. Уымæй уæлдай ма йæхæдæг дæр æххуыс кæны сæ саразынæн, нæ куысты лыстæг хъуыддæгтæм дæр тынг лæмбынæг кæсы», – фæбæрæг кодта Отары-фырт.

Руслан йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, арæх ацæуы, аразгæ æмæ цалцæг кæй кæнынц, уыцы объекттæм, куыстытæ куд цæуынц, уый сбæрæг кæнынмæ, цæмæй сæ
фыстытæ нæ, фæлæ йæхи цæстытæй фена.

«Уый раппæлыны аккаг хъуыддаг у. Ноджы ма, исæн уатмæ сæ фарстатимæ чи ‘рбацæуы, уыдонмæ дæр лæмбынæг байхъусы æмæ йæ фæфæнды алкæмæн дæр бæлвырд æххуыс бакæнын.

– Дзитойты Руслан æцæг хъайтар у! Тынг æхсызгон мын у, йæхицæн зондамонæгæй мæн кæй равзæрста, уый. Дызæрдыггаг нæу, нæ иумæйаг куыст æнтыстджын æмæ пайдайаг кæй уыдзæн нæ республикæйæн. Ахæм нысан сæвæрдта программæйы ахуыргæнджытæ æмæ зондамонджыты размæ респбликæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, – зæгъы Отарты Георги.

 

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here