Рагон бæстыхæйттæ хъахъхъæнынц… бактеритæ

0
61

Сæдæгай, суанг мингай азты размæ арæзт дурын бæстыхæйттæ цæуылнæ ныппырх сты ахæм дæргъвæтин рæстæджы дæргъы, цы сæ хъахъхъæны, рыг фестын сæ цы нæ бауагъта? Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, «аххосджын» сты сæрмагонд бактеритæ.

Уый бæлвырддæр сбæрæг кæныны тыххæй Уæрæсейы наукæты академийы Дзæуджыхъæуы наукон центры специалисттæ сфæнд кодтой, ахæм
бæстыхæйттæ цæй фæрцы арæзтой, уыцы чъырызмæсты æууæлтæ раиртасын. Археологтæ æмæ этнографты иумæйаг экспедици бабæрæг кодта Хуссар Ирыстоны дæрддзæф къуымтæ – Гнух æмæ Дзомагъ. Экспедицийы уæнгтимæ уыдис Уæрæсейы наукæты академийы Скæсæн бæстæты институты антропологийы археологийы центры сæргълæууæг Евгений  Вдовченков. Уый куыд загъта, афтæмæй, бетоны мидæг цы бактеритæ ис, уыдонæн сæ бон у бæстыхайы къултæ фидардæр кæнын, хæлынæй сæ хъахъхъæнын:

– Бетоны зыхъхъыртæ куы фæзыны, уæд бактериты архайд зынгæ фæкарздæр вæййы кальцийы карбонат æмæ кальцийы гидроксид – сæрмагонд химион æууæлты фæрцы. Наукон æвзагæй уый хуыйны «биобетон», зæгъæн ис, уый феххуыс вæййы къулты зыхъхъыртæ бангом, «сдзæбæх» кæнынæн, – зæгъы  Вдовченков.

Ацы цымыдисаг хабармæ се ’ргом аздæхтой канд биологтæ нæ, фæлæ археологтæ æмæ инженертæ дæр Бетъырбух, Мæскуы æмæ Ростовæй. Биобетоны Уæрæсейы  наукон фонды проекты фæлгæты ахуыргæндтæ уал абоны онг æрæмбырд кодтой чъырызмæсты хуызæгтæ Херсонесы, Хъæрæсе-Черкесы æмæ Доны дæллаг хайы. Ныр та сæм уыдзæн иртасæн æрмæг Хуссар Ирыстонæй дæр.

Сæ сæйраг фарстайæ уæлдай ма ахуыргæндтæ фæлвардзысты, мæсгуытæ æмæ зæппæдзтæ кæд арæзт æрцыдысты, уый сбæрæг кæнын дæр Хуссар Ирыстоны наукон-иртасæн институты кусæг Хуыгаты Роман сæрмагонд анализæн кæй æрæмбырд кодта, чъырызмæсты уыцы хуызтæм гæсгæ.

«Сапа»

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here