Граждайнаг æхсæнад æмæ адæмты ‘хсæн хæлардзинад бахъахъхъæнын

0
128

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты цыппорцыппæрæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Æмбырды архайдтой РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, республикæйы Хицауады уæнгтæ, тæрхонадон æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты разамонджытæ, районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

Депутаттæ фыццаг бакасты равзæрстой, республикæйы Сæргълæууæг æркæсынмæ кæй бацæттæ кодта, къорд ахæм закъоны проекттæ. Документтæ баст сты республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæтæ æмбæлгæ уагыл не ‘ххæст кæныны кæнæ сæ æппындæр не ‘ххæст кæныны, æдасдзинадæн ахсджиаг чи у, уыцы æфсæддон объекттæн сæ къамтæ кæнæ видеотæ исын æмæ сæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты фæрцы парахат кæныны тыххæй     административон æфхæрд фæкарздæр кæнынимæ; бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы куыстытæ рацаразынимæ; фæндæгты хæдзарады къабаз размæ ракæнын æмæ æндæр фарстатимæ. Раныхасгæнджытæ уыдысты республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Ортабайты Виктор æмæ Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Æппæт фарстаты фæдыл дæр закъонты проекттæ фидаргонд æрцыдысты.

«2025 азмæ æмæ 2026-2027 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат
Ирыстон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат
Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект депутаттæн сæ размæ æркæсынмæ рахаста финансты министры
хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Карова. Куыд загъта, афтæмæй бюджеты æфтиагджын хай фæфылдæр. Йæ социалон хæстæ республикæ æнæкъуылымпытæй цæмæй сæххæст кæна, уый тыххæй йын федералон бюджетæй лæвæрд æрцыд 800 милуан сомы æфстауы хуызы. Уыцы æхцатæ цæуыл хардзгонд æрцæудзысты, ууыл министр бæстон æрныхас кодта. Зæгъæм, 251,2 милуан сомы иухаттон æххуысы хуызы ратдзысты, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны бинонтæн, кæнæ дзы чи фæцæф, уыцы æфсæддонтæн; 380 милуан сомы – иухаттон æххуысы хуызы, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрадимæ контракт чи бафыста, уыдонæн. Уымæй уæлдай дзы баххуыс кæндзысты, сывæллон кæмæн райгуыра, уыцы бинонтæн, сидзæр æмæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæн фæхуыздæр кæндзысты сæ цæрыны уавæртæ, баххуыс кæндзысты цыбыркъух бинонтæн æмæ афтæ дарддæр. «Æппæт ивддзинæдтæ нымайгæйæ, ацы азы бюджеты æфтигтæ сты 49 миллиард æмæ 026 милуан сомы, хæрдзтæ – 50 миллиард æмæ 804 милуан сомы, бюджеты кадавар – 1 милуан æмæ 778 мин сомы», – загъта министр.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег.

– Хæрдзтæн сæ фылдæр сты социалон нысаниуæ-джы хæрдзтæ, æмæ сын æнæ æххæстгæнгæ нæй. Фæлæ алы хардз дæр домы биноныг цæстдард, у лæмбынæг æвзаргæ. Уæлдай каст домы, алы ведомствæ дæр цы хæрдзтæ кæны, уый, – уыд йæ фиппаинаг Парламенты Сæрдарæн.

Документмæ каст цыд фыццаг бакасты. Фæлæ, йæ ахсджиагдзинад нымайгæйæ, закъон фидаргонд æрцыд фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты.

Оксанæ Карова ма ныхас кодта, 2025 азы фыццаг æмбисы республикон бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, уыцы фарстайыл дæр. Йæ раныхасы уый бацамыдта афæдзы æмбисы бюджеты бæрæггæнæнтæ, стæй загъта, респуб-ликæйы паддзахадон хæс
дзуапп кæй дæтты Уæрæсейы Бюджетон кодексы закъонæвæрынадæн. «Йæ афоныл кæй нæ бафыста, ахæм хæстæ республикæ нæ дары», – загъта министр.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Хæдарцаты Аслæнбег, афтæмæй документы фæдыл Парламенты уынаффæйы проект фидаргонд æрцыд.

Депутаттæ ма равзæрстой, республикæйы Хицауад кæй бацæттæ кодта, уыцы закъонты проекттæ дæр. Раныхасгæнджытæ – экономикон рæзты министр Сокаты Марат, экологи æмæ æрдзон фæрæзты министры хæдивæг Хъаммæрзаты Зауыр, фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Торчынты Эльвирæ цы закъонæвæрынадон хъæппæристыл ныхас кодтой, уыдон баст уыдысты сфæлдыстадон индустри, ома, адæймаг йе сфæлдыстадон гæнæнтæй кæм архайа æмæ сæ пайда кæна, ахæм амалхъомад республикæйы райрæзын кæнынимæ, уæлдай хъахъхъæд чи цæуы, уыцы æрдзон фæзуæтты уавæр банывыл кæнынимæ, стæй социалон лæггæдты хæрзхъæддзинадимæ. Æппæт фарстаты фæдыл закъоны проекттæм фыццаг бакас-ты æркæсыны фæстæ депутаттæ закъонтæ сфидар кодтой.

Депутаттæ æркастысты РЦИ-Аланийы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдарæй Хъæлыцты Иналы снысан кæныны фарстамæ дæр. Хъæлыцы-фырты кандидатурæ бавдыста Парламенты Сæрдар. Æргомæй хъæлæс кæныны уагæй депутаттæ æмхуызонæй снысан кодтой Хъæлыцты Иналы республикæйы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдарæй.

«Хицауадон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы алы адæмты ‘хсæн ахаст-дзинæдтæ райрæзын кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон программæ царды рауадзыны тыххæй» национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Аланы раныхасмæ. Программæйы æмгъуыд уыд ацы азмæ, æмæ йын цы фондз дæлпрограммæйы уыд, уыдон сæххæст кæныныл министр бæстон æрныхас кодта, стæй бацамыдта, граждайнаг æхсæнад, алы адæмтæ æмæ алы динты ‘хсæн хæлар ахастытæ бахъахъхъæныны тыххæй программæйы мадзæлттæ æххæстгонд куыд цыдысты, уый.

Раныхасы фæдыл депутаттæ бацæттæ кæндзысты Парламенты уынаффæйы проект.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here