Хæлардзинады бындурыл

0
59

Цæгат Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты арæнмæ æввахс, Елхотаг кулдуар хъахъхъæнджыты монументы цур, Уæлахизы 80 азы кадæн скодтой фембæлд. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман Кавказыл тохты рæстæг ам фæкалд йæ хъахъхъæнæг хъæбатырты туг. Кадджын фембæлды архайджытæ уыдысты скъоладзаутæ, студенттæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, хистæр кары адæм.

Иудзинады æууæлтæ, уæрæсейаг цæрджыты хæлардзинады,  удварн æмæ патриотон хæзнатыл æнувыддзинад бæрæг дардтой. Фембæлд саразджытимæ уыдысты Координацигæнæн центр,    Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты фæсивæдон политикæйы управлени, Дзæуджыхъæу æмæ Налцыччы сылгоймæгты советтæ районты æххуысæй.

Ирыстоны зæххыл сæмбæлдысты Координацигæнæн центры разамонæджы хæдивæг Дзæхаты Ларисæ, университеты фæсивæдон политикæйы управленийы хицау Ханайты Измаил, Кировы районы бынæттон хиуынаффæйады разамонæджы хæдивæг Басаты Иринæ, Кировы районы Ветеранты советы сæрдар Бедойты Феликс, Кировы районы «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Къубалты Солтан, Кæсæг-Балхъары минæварадæн разамынд лæвæрдта Налцыччы Сылгоймæгты советы сæрдар, Парламенты депутат Лидия Дигешева, «Фæллойадон æнтыст»-ы регионалон
хайады минæвæрттæ, Уæрæсе æмæ Кæсæг-Балхъары адæмон артисттæ.

Арфæйы ныхæстимæ уазджытыл сæмбæлд Дзæхаты Ларисæ. Уый сын
бузныджы ныхæстæ загъта, Кавказ ссæрибар кæнгæйæ, йæ цард чи ратта, уыдоны кад кæй хъахъхъæнынц, сæ зæрдæты сæ кæй дарынц, уый тыххæй. Монументыл дидинджытæ сæвæрыны фæстæ æрбацæуæг адæм фембæлд адарддæр кодтой Елхоты хæстон намысы музейы. Уым базонгæ сты, Кавказ знæгтæй бахъахъхъæныны рæстæг йæ цард чи ратта, уыцы цаутимæ баст экспозицитимæ.

Уæлдай æнкъарæнтæ равзæрдысты æрбацæуæг адæммæ,  музыкалон скъолайы ахуырдзаутæ «Вставай, страна огромная» куы азарыдысты сæ ахуыргæнæг, Кæсæг-Балхъар æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Дауыраты Иринæйы разамындæй, уæд. Зæрдæбын уыд Комсомольскæйы хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Къобесты Маринæйы раныхас. Куыд бафиппайдта, афтæмæй фæсивæды
патриотон хуызы хъомыл кæнын у бæстæйы нырыккон ахуырады стратегион хæс.

Чидæриддæр фембæлды радзырдта, уыдоны æрбаиу кодта иу хъуыды: Уæрæсе у тыхджын, цалынмæ йæ адæм сæ рагбонтæ сæ зæрдæты дарынц, уæдмæ. Фыдыбæстæйыл æууæнк, адæмты хæлардзинад, патриотизмы руаджы Фыдыбæстæйы Стыр хæст Уæлахизимæ фæцис. Уыдæттыл ныр дæр æнцой кæнынц æрыгæттæ. Нæ
бæстæ та ногæй  тæссагдзинæдтимæ, фæлварæнтимæ æмбæлы. Фæлæ, цалынмæ иумæ стæм, цалынмæ Уæрæсейыл æууæндæм, уæдмæ нын никæй бон ницы
бауыдзæн.

ЦИПУ-йы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here