Уæд æнустæм цардъхом!

0
44

Фæстаг рæстæг бирæ дзурæм нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл. Ноджы фылдæр та фысгæ кæнæм. Уыимæ, бæрнон бынæтты бадджытæй иуæй-иутæ сæ хъуыдытæ фæзæгъынц уырыссагау. Æмæ уыдон ирон æвзагыл мæт кæнынц? Зын зæгъæн у.

Хорзыл банымайын хъæуы нæ бæстæйы Президенты радон хъæппæрис:
бафæдзæхста Уæрæсейы Федерацийы Адæмыхæттыты æвзæгты бон æвæстиатæй снысан кæнын. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у арфæйаг хъуыддаг. Бæрæггонд та
цæудзæн æрвылаз рухæны (сентябры) мæйы 8-æм бон — дунетыл хъуыстгонд поэт Расул Гамзатовы райгуырæн бон. Цæмæн уыцы бон, зæгъгæ, фарстæн Президент бамбарын кодта: таурæгъон «Хърихъуппытæ» («Журавли») ныффыссæг поэтæн йæ мадæлон – авайраг æвзаджы æмбæрц ахсджиаг уыд уырыссаг æвзаг дæр. Уымæн æмæ уый фæрцы йе сфæлдыстад базыдтой æппæт дунейы.

Куыд зонæм, афтæмæй ма Владимир Путин бафæдзæхста Уæрæсейы Федерацийы Адæмыхæттыты æвзæгты тыххæй федералон закъон бацæттæ кæнын дæр. Паддзахадон æвзæгты тыххæй ахæм закъон ма хаст æрцæудзæн Республикæ Цæгат
Ирыстон-Аланийы. Цы кусæг къорд арæзт æрцыд, уым сты зындгонд ахуыргæндтæ: Хъамболты Тамерлан, Хъаныхъуаты Зæлинæ, Бзарты Руслан, Куыдзойты Анжелæ æмæ иннæтæ. Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-æй уыцы къорды архайы Змæлды координацион советы сæрдары фыццаг хæдивæг Дзæгъойты Вячеслав — æцæг ирон лæг, мадæлон æвзаг, фыдæлтыккон æгъдау æмæ ирон фарныл æнувыд. Сæ куыст фæрæстмæ уæд, цæмæй закъоны фæрцы нæ мадæлон æвзаг хъахъхъæд æрцæуа, цардхъом уа æмæ йæ фидæны фæлтæртæ дæр уарзой.

Бирæ стыр лæгтæ загътой сæ хъуыдытæ мадæлон æвзаджы тыххæй. Сæ иу — зындгонд уырыссаг философ Иван Ильин (1886-1954): «Цалынмæ саби йæ мадæлон æвзагыл цырд кæсын байдайа, уалынмæ йæ æндæр истытæ кæсыныл амидингæнæн нæй. Дарддæр та бинонты ‘хсæн хъуамæ æлдариуæг кæна мадæлон æвзаджы цытджындзинад… Мадæлон æвзаг фыццаг бынаты кæй ис, уый тыххæй йыл хъуамæ бинонтæ иудадзыг ныхас кæной. Ныхасы сæр та хъуамæ уа, æвзаг хъæздыг, аив, уындджын, ирд, рæстдзæвин, сфæлдыстадæй уæлейæ исгæ — бынæй ахадгæ кæй у, уый…»

Растдæр зын зæгъæн у. Афтæ уыдис Ирыстоны суанг ивгъуыд æнусы 50-æм азты кæронмæ. Стæй сабыргай уæлæхох кæнын байдыдтам æмæ, абон цæмæ æрхаудта, уый уынæм. Дæнцæгæн мæ фæнды æрхæссын нæ национ телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы равдыстытæй иу (цæуы ныр дыккаг æви æртыккаг аз). Йæ сæйраг хъайтар — скъоладзау чызг Плиты Николь. Уый аив кæсы æмдзæвгæтæ æмæ чысыл
радзырдтæ… уырыссагау. Ау, не сфида-уиккой Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Плиты Грисы æмдзæвгæтæ? Кæнæ Плиты Гацыры чысыл радзырдтæ, уæлдайдæр та йæ чиныг «Мæлæм? Уæд лæугæйæ!» Куыд ирон адæмы абоны хистæр фæлтæры минæвар, афтæ уый мæнмæ раст нæ кæсы. Цымæ цæуыл хъуыды кæнынц уыцы уды гагайы хуызæн чызджы ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ? Цæмæн сæ ферох XIX-æм æнусы зындгонд уырыссаг ахуыргæнæг æмæ фыссæг Константин Ушинскийы фæдзæхст: «Адæмы æвзаджы рухс, райдзаст, рæсугъд æрфытæй айдагъ райгуырæн æрдз нæ сæрттивы, фæлæ адæмы уды фарны истори æнæхъæнæй. Фæлтæртæ кæрæдзийы фæдыл рацæуынц, фæлæ дзы алкæцыйæн дæр йæ царды мидис баззайы æвзаджы — сæ фæстæ чи цæуы, уыдонæн бындурæн. Алы ног фæлтæр дæр мадæлон ныхасы хæзнадонмæ бахæссы, йæ зæрдæйы æрфыты цы бæркæдтæ сæвзæрд, историон цаутæ цы тыллæг раттой, уыдон: æууæндындзинад, хъыгтæ æмæ цинтæ…»

Цымæ цы ныууадздзæн Плиты суинаг чызг, йæ фæстæ цы фæлтæр уа, уыдонæн нæ мадæлон æвзагыл? Амондджынæй бахъомыл уæд æмæ сæдæ азы æнæниз, æнæмастæй фæцæрæд, схизæд ахуыры бæрзæндтæм, йæ къухы бафтæнт стыр æнтыстдзинæдтæ йæ равзæрст фæндагыл. Фæлæ йæм кæддæр фæсмон куы ‘рцæуа, ирон уæвгæйæ, иронау кæй нæ зоны дзурын (кæд рæдийын, уæд мын бахатыр кæнæд), уый тыххæй. Ахæмтæ иу æмæ дыууæ нæй нæ алфамбылай, уæлдайдæр Ирыстонæй иппæрд ран бирæ азты чи фæцард, уыдонæй.

Иннæ ахæм телеравдыст – «Подростки в эфире». Хорз хъуыды æмæ мадзал у. Фæлæ, уыцы ахуырдзау фæсивæд сæхъуыдытæ иронау дæр куы дзуриккой, уæд сæ, мæнмæ    гæсгæ, сæ ирыстойнаг æмгæрттæ бафæзмиккой, æдæрсгæ дзуриккой нæ мадæлон æвзагыл, æмæ не ‘взаг сагъæссаг нæ уаид.

Ирыстоныл иузæрдион чи у, йæ адæмы зæрдæйæ чи уарзы, уый цыфæндыйæ дæр нæ ферох кæндзæн йæ мадæлон æвзаг, кæсдзæн ирон-дыгурон газеттæ æмæ журналтæ. Хъыгагæн, абон нæ мадæлон æвзагыл цæуæг мыхуыры фæрæзтæ заууатмæ цæуынц: газет «Рæстдзинад» чи рафыста, уыдоны нымæц æртæ минмæ дæр нæ хæццæ кæны, «Дигорæ» рафыстой 560 адæймаджы, чысыл сты сæ тиражтæ журналтæ «Мах дуг», «Ирæф» æмæ «Ногдзау»-æн.

Ахæм уавæр уынгæйæ, куыд нæй æрымысæн зындгонд уырыссаг фыссæг Константин Паустовскийы ныхæстæ: «Дæ райгуырæн бæстæ æцæгæй никæд бауарздзынæ, дæ мадæлон æвзаг куы нæ уарзай, уæд. Йæ мадæлон æвзагмæ куыдфæндыйы
цæстæй чи кæсы, стырзæрдæ йыл чи у, уый хъæддаг у. Уый цы у, уымæй у зианхæссæг, уымæн æмæ, йе ‘взагмæ куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, уый митæ дзурæг сты, йæ адæмы ивгъуыд замантæ æмæ нæ ныры дуг сау капеччы бæрц дæр кæй ницæмæн хъæуынц, ууыл…»

Хуыцау нæ уыцы уавæрмæ макæй æруадзæд. Ацы ныхас æнæ бындур нæу. Куыд æхсæнадон архайæг, афтæ арæх сæмбæлын районы скъолаты, æмæ мæ сæ ахуыргæнджытæ дисы бафтауынц: суанг фыццæгæмкъласонтæй райдай — ахуырдзаутæм дзурынц уырыссагау, кæд се ‘хсæн иунæг дæр нæ вæййы æндæр адæмыхæттыты минæвар, уæддæр. Æнæ уырыссаг æвзаг махæн цæрæн нæй, фæлæ цымæ цæуылнæ хъуамæ кæсой æмæ æмбарой сæ мидис Къостайы, Секъайы, Малиты Георгийы, Гуырдзыбеты Блашкайы æмдзæвгæтæ, ирон фысджыты уацмыстæ, нæ зындгонд ахуыргæндты зонадон куыстытæ?

Мæ уацхъуыд мæ фæуын фæнды зындгонд уырыссаг филолог Измаил Срезневскийы (1812-1880) ныхæстæй: «Фæрсын уæ, цымæ æрдзы ныхмæ тыхми нæ уыдзæн, йæ мадæлон æвзаг чи нæма базыдта, ахæм сабийæн уыцы-иу рæстæг иу-дыууæ кæнæ æртæ æцæгæлон æвзаджы амонын? Æрдз йæхæдæг ахæм фæткыл хæст нæу, уымæ гæсгæ йын æнæмæнг тыхми уыдзæн…»

 

КЪУБАЛТЫ Солтан,

«Аланты Ныхас»-ы Кировы
районы хайады
уынаффæдоны сæрдар

 

Редакцийæ: нæ куырыхон хистæры æппæт хъуыдытимæ стæм разы. Фæлæ Плиты чызджы тыххæй фиппаинæгтæ бынтон растыл нæ ныма-йæм. Цæгат Ирыстоны чи райгуырд, чи схъомыл, ирон æвзаг æппынæдзух чи хъуыста, уыдонæн сæ 90 проценты иронау нæ дзурынц, не ‘мбарынц. Ирон æвзаг сæ хъæугæ дæр нæ кæны

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here