Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы прокуратурæ беслæйнаг сылгоймагыл арæзт уголовон хъуыддаджы зылынгæнæг хатдзæг сфидар кодта.
Ацы сылгойма-джы аххосджын кæнынц Уголовон кодексы 291.1 статьяйы 5 хайы («Гæртам радтынæй минæвар уæвыны фæндон бахæссын») амынд фыдракæнд саразынæй.
Слестгæнджыты ныхасмæ гæсгæ, фыдракæнд саразынæй кæй аххосджын кæнынц, уыцы сылгоймаг ацы азы майы фæсарæйнаг нæлгоймагæн загъта: «Уæрæсейы Федерацийы граждайнад дын цæмæй радтой, уый тыххæй 650 мин сомы бæрц гæртам Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хицауы бынатахсæг адæймагæн радтыны хъуыддаджы дын баххуыс кæндзынæн».
Амынд сылгоймаджы зæрды уыд минæвараддзинады тыххæй æхцайы æппæт бæрцæй йæхицæн 100 мин сомы ныууадзын. Фæсарæйнаг нæлгоймаг æнæзакъон фыдвæндты тыххæй хабар барадхъахъхъæнæг оргæнтæн фехъусын кодта. Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы кусджытæ сылгоймаджы æнæзакъон архайдæн кæрон скодтой.
Прокурор уголовон хъуыддаг барвыста Дзæуджыхъæуы Ленины районы тæрхондонмæ биноныг ыл æрныхас кæнынмæ.
Амынд фыдракæнд саразæг адæймагæн рахæссæн ис 7 азы дæргъы ахæстоны фæбадыны тæрхон.
РЦИ-Аланийы Прокуратурæйы
пресс-службæ














