РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис фембæлд автономон æнæкоммерцион организаци «Фыдыбæстæйы æфсæддонты бинонты комитет»-ы разамонæг Юлия Белеховаимæ. Мадзалы архайдта комитеты регионалон штабы разамонæг Темырты Аленæ дæр.
Юлия Белехова Цæгат Ирыстонмæ æрцыд уæлдæр амынд комитеты форумы архайынмæ. Организацийы разамонæг радзырдта, нæ республикæйы сæйраг фæз – Дзæуджыхъæуы ацы форум цæй фæдыл арæзт цæуы, уый нысанты фæдыл.
– Нæ комитеты регионалон штабты разамонджытæ æмæ активисттæ æрбамбырд сты, сæ куысты фæлтæрддзинад кæрæдзийæн бацамоныны, стæй фидæны пълантыл æрныхас кæныны, уый тыххæй. Фæлæ нæ сæйрагдæр хæс у, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн хæрзхъæд æмæ ахадгæ æххуыстæ бакæнын, – загъта Ирыстоны уазæг.
Комитеты разамонæг стыр аргъ скодта нæ республикæйы хицауиуæггæнæг оргæнтæ, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонд æмæ æхсæнадон организацитæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ветерантæн разæнгардæй кæй æххуыс кæнынц, уый тыххæй. Уырдæм хаст цæуынц, куыд медицинон æххуыстæ, афтæ сын социалон зæрдæдарæнтæ дæттыны фарста дæр. Дзанайты Барис фæнысан кодта, нæ республикæйы разамындæн, сæрмагонд æфсæддон операцийæ чи æрыздæхы, уыцы хæстонты ахсджиаг фарстатæ æххæст кæнын сæ архайды сæйрагдæр хъуыддаг кæй у.
– Мах алывæрсыг æххуыстæ кæнæм сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн. Регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сын йæхæдæг дæр бæлвырд зоны се ‘ппæт фарстатæ дæр æмæ сæм лæмбынæг йæ цæст дары. Разæнгардæй нæм кусы «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонд, бирæ фарстатæ æххæст кæны РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрад дæр. Архайæм нæ тых нæ бонæй сæм не ‘ххуысы къух бадарыныл, – загъта Дзанайы-фырт.
Хицауады Сæрдар форумы архайджытæн арфæ ракодта æмæ сын æнтыстджын куысты фæдыл ныфсытæ бавæрдта, республикæйы разамынд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг æфсæддонты бинонты комитетимæ æмгуыстадмæ цæттæ кæй у, уый.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады
пресс-службæ














