Уæрæсæйы адæмон хæдзарады æмæ паддзахадон службæйы Уæрæсейы Президенты цур академи Дзæуджыхъæуы байгом кодта йæ минæварад. Регионалон минæварад байгом кæныны архайдта Президентон академийы разамонæг, Паддзахадон университеты уæлдæр скъолайы директоры хæдивæг Евгенийы Подшивайлов.
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй уазджытæн æмæ æрбацæуæг адæмæн раарфæ кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты
Барис. «Нæ республикæйы цæрджытæн минæварады фæзынд баст у рæзтимæ, нысантимæ, паддзахадон æмæ муниципалон разамынды сæ бынат ссарынимæ. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы амындæй нæм ныр фæзындзæн хæрзхъæд фæзуат, нырмæ дæр æххæст кæнæм алыхуызон ахуырадон программæтæ. «Ирыстоны æхсар» нын хорз æнтысы, æнкъарæм экспертты бавнæлд. Республикæ размæ цæуы, мах та йæ хъуамæ хорз цæттæгонд разамонджытæй сифтонг кæнæм», – загъта Дзанайы-фырт.
Евгений Подшивайлов дæр йæхирдыгæй бузныг загъта Цæгат Ирыстоны разамындæн, минæварады фæзынды сæ цуры кæй балæууыдысты, уый тыххæй. «Ам мах уынæм нæ раздæры рауагъдонтæй бирæты, минæварады байгом дæтты фылдæр фадæттæ. Нæ æмгуыстад фæпарахатдæр уыдзæн, алыхуызон ахуырадон программæты иумæ архайдзыстæм. Раздæры æнтыстытæ нымайгæйæ, араздзыстæм хъуыддæгтæ», – фæбæрæг кодта мæскуыйаг уазæг.
Минæварадæн разамынд дæтдзæн Хъулаты Аннæ, эксперттæ æмæ дзы
ахуыргæнджытæ уыдзысты мæскуыйаг кампусты æмæ академийы хайæдты минæвæрттæ. Райдайдзысты ахуырадон программæ «Аланийы командæ. Муниципалон æмвæзад»-æй. Йæ нысан у бынæттон хиуынаффæйады æмвæзады разамонджытæ бацæттæ кæнын.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады
пресс-службæ












