Политикон парти «Иугонд Уæрæсе» кæй сарæзта, амынд партийы фарсхæцджыты уыцы æппæтуæрæсеон форумы архайдта цæгатирыстойнаг делегаци дæр.
Æмбырд офлайн æмæ онлайн уагæй баиу кодта дыууæ мин адæймагæй фылдæр. Мæскуыйы ахуырадон иугонд «Ломоносов»-ы æрæмбырд сты алыхуызон æнæкоммерцион кусæндæтты разамонджытæ æмæ минæвæрттæ, партийы граждайнаг фæндæтты æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзаутæ, «Иугонд Уæрæсе»-йы Фарсхæцджыты регионалон советты сæрдартæ æмæ æмсæрдартæ, стæй эксперттæ.
Уазджытæн æгасцуат зæгъгæйæ, партийы Сæрдар Дмитрий Медведев куыд фехъусын кодта, афтæмæй 11 мин æнæкоммерцион кусæндонæй фылдæр æмгуыст кæнынц «Иугонд Уæрæсе»-имæ. Алыхуызон къабæзты фæллой кæнгæйæ, ацы кусæндæттæ архайынц адæмæн æххуыс кæныныл.
– Партийы фарсхæцджыты архайды фæрцы сарæзтам граждайнаг фæндæттæн æххуысы центр, архайы ахуырадон проект «Æнæкоммерцион кусæндæтты университет», аразæм хуыздæр æхсæнадон проектты æппæтуæрæсеон конкурс. Нæ бæстæйы граждайнаг æхсæнады кусæндæттæ цæмæй рæзой, уымæн ахъаз кæндзыстæм, – загъта Дмитрий Медведев.
– Пайдайаг фæндæттæ чи æххæст кæны, уыдонæн æххуыс кæнынмæ иудадзыгдæр цæттæ стæм. Паддзахад хæдбарæй цæмæй рæза, уый тыххæй хъæуы канд тыхджын æфсад нæ, фæлæ æхсæнады иудзинад дæр. Ацы иудзинад цæмæй фидар кæна, уымæн хъуамæ ахъаз кæнат сымах – граждайнаг активисттæ, æнæкоммерцион кусæндæтты разамонджытæ. Ныхас граждайнаг æхсæнады райрæзтыл кæм цæуы, нæ партийы адæмон программæйы ис ахæм хицæн хайад. Иннæ аз парти æвзæрстытæм кæимæ ацæудзæн, ныртæккæ цæттæ кæнæм адæмон программæйы ахæм ног редакци. Дыууæ мин дыууын фыццæгæм азы куыд уыд, афтæ ныр дæр уæ фæндæттæ æрæмбырд кæнынмæ цæттæ стæм, – загъта партийы Генералон советы нымæрдар Владимир Якушев.
«Иугонд Уæрæсе»-йы Фарсхæцджыты центрон советы сæрдар, Паддзахадон Думæйы граждайнаг æхсæнады райрæзты комитеты сæрдары хæдивæг Ольгæ Занко куыд фехъусын кодта, афтæмæй, форумы бæрæггæнæнтæм гæсгæ кæй сфидар кодтой, уыцы резолюцимæ бахастой куысты сæйраг къабæзтыл æххæссæг цалдæр хатдзæджы. Ацы хатдзæгтæ бар дарынц æнæкоммерцион кусæндæттыл æнцайæг административон уæз фæкъаддæр кæныны, историон номарæн ба-
хъахъхъæныны, «Иугонд Уæрæсе»-йы Фарсхæцджыты граждайнаг фæндæттæн æххуысы центры архайд фæпарахат кæныны æмæ æндæр хъуыддæгтæм.
– Нæ республикæйы номæй форумы архайдтой «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг æххæсткомы партион арæзтады хайады сæйраг специалист Зассеты Светланæ æмæ Граждайнаг фæндæтты æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзау, проект «Кавказыл хæст»-ы автор Артур Гарага. Ацы адæймæгтæ архайдтой форумы пленарон æмбырды, стæй, ныхас граждайнаг æхсæнады къабазы хуыздæр фæзилæнтыл кæм цыд, ахæм тематикон хайæдты куысты. Форумы архайд ацы адæймæгтæн сæ дарддæры куысты фæпайда уы-
дзæн, – зæгъы «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайа-
ды нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат
Санаты Альбинæ












