«Мах зонæм сабыр царды аргъ»

0
113

Ирыстоны цæрджытæй бирæтæ 2022 азæй нырмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынц, стыр сгуыхтдзинæдтæ æмæ æхсар æвдисынц тохы быдыры, ирæтты хъæбатырдзинады кой дардмæ хъуысы.

Хъыгагæн, нæ лæппутæй бирæтæ сæ цард раттой Уæрæсейы хæдбардзинады сæраппонд неонацизмы ныхмæ карз хæстыты. Уыцы зæрдæ æрхæндæггæнæн хыгъды ис Камбилеевкæйы хъæуы цæрæг Бураты Нодары фырт Фидар дæр. Хæстоныл цыд 42 азы, знаджы минæйы срæмыгъдæй йæ цард куы аскъуыд, уæд. Цыппар хуры хуызæн сывæллоны, цыппар лæппуйы сидзæрæй аззадысты.Кæстæрыл афæдз дæр нæма цыд, йæ фыд куы фæмард, уæд…

Бураты Фидар, сывæллон ма куы уыд, æвæццæгæн, уæд равзæрста йæ хъысмæт. Æфсæддон уæвын æй фæндыд, стæй хорз æмбæрста, ацы хъæугæ дæсныйадимæ тæссагдзинад æмдзу кæй кæны, уый дæр, фæлæ йæ уый нæ баурæдта, ацыд йæ равзæрст фæндагыл. Хуссар Ирыстонмæ гуырдзы куы ‘рбалæбурдтой, уæд фондзбонон хæсты хъазуатонæй архайдта. Дарддæр æй йе ‘фсæддон фæндæгтæ ахастой Сиримæ, уым сæрмагонд хæстæ æххæст кодта террористты ныхмæ операцийы.

Ралæууыд 2022 аз, сæрмагонд æфсæддон операци райдыдта. Йæ фыццаг бонты карз хæстыты, æвæццæгæн, не ‘фсæдтæм стыр фæлтæрддзинад дæр нæма уыд, знаджы гæнæнтæ – æбæрæг. 28 февралы мотоæхсæн батальон райста бардзырд Запорожьейы облæсты горæт Васильевкæмæ хъазуатонæй ныббырсын (штурм). Бураты Фидар колоннæйы разæй хæстон машинæ скъæрдта æмæ тохы цæхæры ба-
хаудта. БМП бацыд танкты ныхмæ минæйыл. Скъæрæг-механик Бураты

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here