Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн – æххуыс

0
133

Хæстон цауты ветерантæ – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы мадзæлттæ кæныныл æрдзырдтой Уæрæсейы Паддзахадон Советы уæрæхгонд æмбырды. Уым архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Паддзахадон Советы уæнгтæн, хуынд бæрнон адæмæн бæстон ныхас рауад ветерантæн æххуысы мадзæлттæ фæнывылдæр кæныныл. Бæстæйы Паддзахадон Советы нымæрдар Алексей Дюмин куыд радзырдта, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн, хæстон цауты ветерантæн конд цæуы стыр æххуыс. Фæлæ дзы аззайы, ветеранты хицæн къордтæм цы мадзæлттæ хауынц, уыдон фæнывылдæр кæныны хъуыддæгтæ.

«Куыддæр тыхстдзинад фæзыны, афтæ саразæм уæлæмхасæн æххуыс бакæныны фадæттæ. Уыцы куыст цæуы æппынæдзух, регионтæм ис хи практикæ, нæ бон сæ бафæзмын у. Фæлæ хъуамæ абон цæттæ уæм, ныртæккæ тохы цæхæры чи ис, уыдон тагъд рæстæджы сæ хæдзæрттыл кæй сæмбæлдзысты, уымæ. Мах хæс у, уыдоныл цæттæйæ сæмбæлын, хорз цæстæй сæм ракæсын, баузæлын сыл. Уыимæ, иунæг хатт нæ, фæлæ æппынæдзух. Ацы фарстатæ нырмæ дæр æвзæрст цæуынц, кæсы сæм профилон къамис, уыцы куысты архайынц сæхæдæг ветерантæ дæр. Бузынг уын зæгъын уæ бавнæлд æмæ цæстæнгасы тыххæй», – загъта Паддзахадон Советы нымæрдар.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы паддзахадон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы сæрдар Аннæ Цивилева куыд загъта, афтæмæй Паддзахадон Совет ссис, æппæт ветерантæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ бинонтæн æххуысы картæ. Нæ бæстæйы Президент нæ размæ цы хæстæ æвæры, уыдон Советмæ гæсгæ æххæстгонд цæуынц.

«Дыууæ азмæ æххуысы æвæджиауы хыз саразын нæ къухы бафтыд, алы ветеранæн дæр агурæм хицæн фадæттæ. Ведомствæтæ кæрæдзийы мидæг æмгуыст кæнынц. Абон ныхас кæнæм, нырмæ нæ къухы цы бафтыд, уыдæттыл, нæ размæ цы лыггæнинаг хъуыддæгтæ лæууынц, уыдон дæр рохуаты нæ баззадысты. Ома, медицинон æххуыс, санаторон-курортон дзæбæхкæнынад æмæ куысты бынæттæ ссарын. Сæ зындзинæдтимæ хъуамæ иунæгæй ма баззайой», – загъта «Фыдыбæс-
тæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонды сæрдар.

Уæрæсейы Паддзахадон Советы уæнгтæ æмбырдæй хатдзæгтæ скодтой, рахастой 40 пайдайаг фæндонæй фылдæр. Уыдон æвæрд æрцæудзысты, Уæрæсейы Президент цы нысантæ сæвæрдта, уыдоны бындуры. Хъуамæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн арæзт æрцæуой æппæт уавæртæ, уыдон хъуамæ исой медицинон, психологон, социалон реабилитацийы мадзæлттæ, куысты бынæттæ агурыны дæр сæ цуры балæууой, уæдæ сæ бинонтæн дæр лæвæрд цæуы алывæрсыг æххуыс.

Советы æмбырдæй хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, ветерантæн, сæ бинонтæн баххуыс кæнын Цæгат Ирыстоны нымад у æппæты ахсджиагдæрыл. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы регионалон фондимæ мах кæнæм алыхуызон æххуыс, хорз æмгуыстад нын ис Фæллойы министрадимæ, йæ сæргъы лæууы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, Уæрæсейы Хъæбатыр Абайты Юри. Уый хорз æмбары хæстонты æппæт тыхстытæ. Республикæйы йæ тыхы бацыд ахуырадон программæ «Ирыстоны æхсар», кæронбæттæнмæ чи рацыд, уыдон стажировкæ кæнынц хицаудзинады алы æмвæзады оргæнты. Уый фæстæ сын ратдзыстæм куысты бынæттæ», – загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй республикæйы фæзындысты бархион къордтæ, уыдон æфсæддонты бинонтæм хæццæ кæнынц хъæугæ æххуыс. Цæлхæмбырды хуызы Советы куысты архайджытæ æрныхас кодтой бирæ ахсджиаг фарстатыл, равзæрстой федералон æмæ регионалон æххуысы мадзæлттæ.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here