Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Уæрæсейы Президенты исæн уаты фембæлд Цæгат Ирыстоны цæрджытимæ. Уыдон æм æрбацыдысты сæ тыхстагдæр фарстатимæ. Куысты ма архайдтой Федералон инспектор Сергей Гончаров, республикæйы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги, æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты разамонджытæ.
Курдиæттæн сæ фылдæр баст уыдысты æхсæнадон бынæтты фæлгонцадимæ, цæрæнбынæтты удæнцойдзинадимæ, материалон æххуыс райсынимæ. Дзуарыхъæуы цæрæг Абайты Муссæ æрхатыд Сергей Меняйломæ, кæм цардысты, уыцы хæдзар басыгъд æмæ уал рæстæгмæ бынаты вæййынц. республикæйы Сæргълæу-
уæг бахæс кодта Отарты Георгийæн, цæмæй æвæстиатæй ацæуа бынатмæ æмæ фена уавæртæ, ног хæдзар саразыны фадæттæн аргъ скæна.
Уымæй уæлдай, баххуыс кæныны хæстæ сæвæрдта РЦИ-Аланийы Финансты æмæ Фæллой æмæ социалон рæзты министрадтыл. Зынгсирвæзты аххосæй кæй хæдзар басыгъд, уыцы Скъаты Фиолетæйæн баххуысы тыххæй дæр амынддзинæдтæ ратта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг. Раздольнæйы хъæуы цæрæг Любовь Лукьяненко рæгъмæ рахаста хъæуы скъола сцалцæг кæныны курдиат. Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй скъола бахастæуыд 2026 азмæ конд федералон программæмæ.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, скъоламæ базилдзысты, аивдзысты йын йæ сæр, йæ рудзгуытæ, электрон тыхы телтæ, донæфсисады, хъармдæттæн хызтæ. Уымæй уæлдай, бындурон цалцæг бавзардзæн Суададжы хъæуы скъола, Сунжæйы 2-æм рæвдауæндон. Уыцы курдиæттимæ дæр æрхатыдысты республикæйы Сæргълæууæгмæ. Уæдæ педагогон колледжы бæстыхай дæр дæргъвæтин рæстæг цалцæггонд нæ уыд. Заводы поселочы цæрæг Цæллаты Зæлинæ, цæмæй хъуыддаг фæрæвдздæр уа, уый тыххæй æрбацыд.
Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, иннæ азы декабры онг
бæстыхаймæ базилдзысты. Дигорайы горæты цæрæг Тобойты Анжелæ ракуырдта, цæмæй сæ горæты фæзына фæлладуадзæн сквер. Дыгуры
районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæг Туккаты Рустам куыд бамбарын кодта, афтæмæй скверы фæзынды тыххæй хъæлæс кодтой горæты цæрджытæ. Куыстытæм бавналдзысты 2026 азы дыккаг кварталы.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты номыл Мичурины хъæуы Ленины уынджы фæзындзæн сквер. Хъуыддæгтæ конд цæудзысты федералон программæты фæрцы, ныртæккæ куыст цæуы проектон-хæрдзты документацийыл. Мичуринæгты курдиат царды рауадзынмæ дæр бавналдзысты иннæ аз дыккаг кварталы. Республикæйы Сæргълæууæгмæ цы адæм æрхатыдысты, уыдоны
курдиæттæ æмхуызонæй дæр æххæстгонд æрцæудзысты.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














