Патриотизм – граждайнаг хæдхуыздзинады бындур

0
117

Республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим фембæлд æхсæнад æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ. Æмбырды ма архайдтой РЦИ-Аланийы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан, физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, 166-æм мотоæхсæн полчъы командиры хæдивæг Цгъойты Игорь, Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар РЦИ-Аланийы Мамиаты Багир æмæ нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Габеты Вадим.

Ныхас кодтой, ныртæккæ нæ бæстæйы цы цаутæ цæуы: экстремизм, «фейк»-тæ æмæ алыхуызон ардауæн ныхæстæ, æгъдау æмæ закъонхалæг мадзæлттæй чи пайда кæны, уыдон æхсæнадæн цы зиан хæссынц, æмæ семæ куыд тох кæнын хъæуы, уыдæттыл.

– Махæн нæ хæс у, нæхиуæтты, нæ сабиты уыцы ардауæн, провокацион митæй бахизын. Уæлдайдæр та нæ бæстæ зын политикон уавæры куы ис, уæд. Æрæджы нæ республикæйы чидæртæ фæнд кодтой быцæу ракъахын, уыимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæцæф, уыдонæй спайда кæнын. Фæндыд сæ адæмы Сæрибары фæзмæ æрбамбырд кæнын. Сæ хæс уыд, æфсæддонтæй искæй хæстæджы фæцæф кæнын, цæмæй адæм кæрæдзимæ фæуой, – загъта Гобейы-фырт.

Республикæйы разамынды Администрацийы разамонæг бамбарын кодта, «фейк»-тæ куыд равзæрынц, куыд сæ саразынц, æмæ сæ куыд апарахат кæнынц дзыллæты ’хсæн. Уый фæдыл æрхаста цалдæр дæнцæджы дæр. Зæгъæм, æрæджы Черменыхъæуы цы быцæу æрцыдис дыууæ сыхаджы ’хсæн (ирон æмæ мæхъæлон), уымæй чидæртæ стыр национ фыдбæллæх саразынмæ кæй хъавыдысты, дыууæ адæмы кæрæдзиуыл сардауыны охыл. Уæд дыууæрдыгæй дæр æрбамбырд сты хæстхъом фæсивæд. Мидхъуыддæгты оргæнтæ афойнадыл республикæйы арæнтæ куы нæ æрæхгæдтаиккой, уæд тугкалд æрцыдаид. Уый тыххæй æппæт информаци дæр мидхъуыддæгты оргæнтæ бæрæг кæнынц. «Фейк»-тæ æмæ мæнг информаци чи парахат кæны, уыдон та дзуапп дæтдзысты закъоны раз.

Иннæ хъуыддаг та ахæм уыд. Ныртæккæ ног технологиты руаджы ахæм «фейк»-тæ саразынц, æмæ йæ хуымæтæг адæймаг нæ раиртасдзæн. Зæгъæм, «искусственный интеллект»-ы руаджы, раджы ист чи æрцыд, ахæм видеойы Алагиры рынчындоны сæйраг дохтыры ныхас баивтой. Йæхи хъæлæсæй йын æндæр ныхæстæ ныффыстой, ома, дам, алагирæгтæ нуазыны донæй рынчындонмæ бахаудтой, æмæ сыл алыхуызон инфекцитæ ныххæцыдысты, зæгъгæ. Уыцы информаци фаг уыд, цæмæй Алагиры цæрджытæ фæудаист уой. Ахæм уавæр та алыхуызон змæстытæ расайы…

Уæдæ нæ республикæйы Сæргълæууæджы ныхмæ цы ардауæн ныхæстæ æмæ мадзæлттæ парахат кæнынц, уый тыххæй дæр Гобеты Ибрагим загъта:

– Регионы разамонæджы авторитет хæсты фарстатимæ баст хъуыддæгты егъау у. Сергей Меняйло сæрмагонд æфсæддон операцийы фæстаг балцы рæстæг ахæм мадзæлттæ сарæзта, æмæ уымæй фæахъаз сæдæгай æфсæддонты цард аирвæзын кæнынæн.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ,
къам систа  Татьянæ
ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here