Ацæргæтыл узæлынц

0
37

Адæмон программæ «Хистæр фæлтæр» æххæст кæнгæйæ, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы «Æрыгон гварди»-йы бархионтæ бабæрæг кодтой хистæр фæлтæры минæвæртты, Ацæргæ адæймаджы боны фæдыл сын раарфæ кодтой, стæй сын хойраг раттой.

Партион активисттæ уазæгуаты уыдысты Дзæу-джыхъæуы цæрæг 20 адæймагмæ.

Погасеевты лæг æмæ ус къайад сарæзтой 67 азы размæ. Æрæджы Александрæ Погасеевайыл сæххæст 90, йæ мой Валентиныл та – 94 азы. Лæг æмæ ус цæрæнбонты кæрæдзиимæ фидауынц. Ацæргæ кар нæ нымайгæйæ, бинойнæгтæ разæнгардæй архайынц æхсæнадон царды, скандинаваг цыд кæнынц, шахмæттæй хъазынц.

– Нæ активондзинад нæ цæрынмæ разæнгард кæны. Ис нын хæлæрттæ, æнкъард цæмæй ма кæнæм, ууыл архайæм, – зæгъы Александрæ Погасеева.

Сылгоймаг партион активисттæн узæлды тыххæй бузныг загъта.

Бæрæгбоны фæдыл лæг æмæ усæн раарфæ кæнгæйæ, нæ республикæйы Парламенты депутат, партион проект «Хистæр фæлтæр»-мæ цæстдарæг Цæгæраты Руслан загъта:

– Æрвылаз Ацæргæ адæймаджы боны агъоммæ «Иугонд Уæрæсе» хæрзаудæн акци саразы. Ацæргæ адæймæгтыл узæлд нымад у партийы адæмон программæйы ахсджиагдæр къабæзтæй иуыл. Уазæгуаты кæмæ уыдыстæм, нæ уыцы
хистæртæ нын сæ мысинæгтæ æхсызгонæй радзырдтой. Ацæргæ адæммæ цæст дарыныл архайæм.

Акцийæн фадæттæ сарæзтæуыд «Иугонд Уæрæсе»-йæ депутаттæ Битарты Аликы, Дмит-рий Дюбуайы, Дзиццойты Риммæ æмæ Виталий Калашниковы æххуысæй.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here