Хæрзиуджытæ – журналисттæн

0
41

Уæрæсейы Адæмты ассамблей, Артийскаг национ комитет, Уæрæсейы культурæ æмæ ахуырады министрадтæ æмæ архитекторты, театралон кусджыты, журналистты, композиторты, фысджыты, нывгæнджыты, кинематографистты сфæлдыс-тадон иугæндты, республикон газеттæ æмæ журналты, радио æмæ телеуынынады ирон æвзаг йе сфæлдыстадон куысты бындур кæмæн у, уыцы хуыздæр журналистты схорзæхджын кодтой сыгъзæрин ордентæ æмæ майдантæй, лæвæрд сын æрцыд кадджын нæмттæ.

Арфæйы ныхæстимæ йæ саразджытæ æмæ журналисттæм фæсидт Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæ-джы æххуысгæнæг Хъуыссæты Мæирбег:

– Информацион тыгъдады ирон æвзаг бахъахъхъæныныл, адæмы ‘хсæн æй тауыныл, информацион технологиты архайд адæмты сæрызонд иннæрдæм кæныны ныхмæ æгæрон у уæ архайд. Хистæртæ фæлтæрд у, кæстæрты зондахастыл та зыгъуыммæ зынынц. Бирæ технологитæй пайда кæнынц, æмæ ахæм уавæры уæ архайд уæлдай ахсджиаг у. Ам æрæмбырд сты куысты æцæг дæснытæ.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ уæрæхдæр кæнын хъæуы, цæмæй дзы иннæ журналисттæн дæр уа архайыны фадат.

Организацион комитеты Сæрдар, Дунеон Артийскаг комитеты президенты хæдивæг Ауес Бейтуганов куыд бафиппайдта, афтæмæй мадæлон æвзаг, литературæ æмæ культурæ бахъахъхъæныны фарстайы ныхмæ архайынц глобалисттæ.

– Фæсивæды æппæт уыдæттæ амонынæн журналисты архайд уæлдай ахсджиаг у. Артийскаг комитеты сты 35 паддзахады, 34 азмæ æгъау проекттæ фылдæр арæзтам Европæ, Англис æмæ Америкæйы, иумæйагæй, егъау проекттимæ æрзылдыстæм 37 паддзахадыл. Алы ран дæр парахат кодтам уæрæсейаг культурæ. Куыд кавказаг лæг, архайдтон нæ адæмты культурæ æмæ цардыуаг парахат кæныныл, – загъта сæрдар.

Республикæйы Фысджыты цæдисы Сæрдар Хозиты Барис æрлæууыд ирон æвзаджы риссагдæр фарстатыл, фыццаградон саразинаг хъуыддæгтыл. Йæ хъысмæты тыххæй популизмы фæндагыл лæуд чи у, уыдоны фылдæр хайæн, зæгъы, сæ
кæстæртæ иронау нæ зонынц. Сывæллон алцæуыл дæр бинонты ‘хсæн куы нæ
ахуыр кæна, уæд ын, æхсæнадмæ рацæугæйæ, зын вæййы уыцы хъуыддаджы хиуыл кусын.

Фæлтæрдджын журналист Бадзиаты Ларисæ бафиппайдта, дунеон дзыллон информацийы фæрæзтæ кæй зынынц, мадæлон æвзагыл чи фыссы, уыдоны архайдыл. Ирон журналистикæ фæзынд, 1906 азы фыццаг газет куы рацыд ирон æвзагыл, уæд. Стыр æвæрæн æм бахастой газеттæ «Рæстдзинад» цæгаты æмæ «Хурзæрин» –
Ирыстоны хуссар хайы. Абоны онг кæй цæуынц, уый у журналистикæйы фæрцы. Уæвгæ, йæ равзæрдæй раздæр уыдысты Хетæгкаты Къоста æмæ Хъаныхъуаты Инал, Æмбалты Цоцко, Цæголты Георги, Гæдиаты Цомахъ. Уæды журналистты æвзагимæ абаргæйæ, абон дзæвгар фæвазыгджындæр, æмæ, гæнæн ис, бирæтæн зындæр у йæ кæсын. Бирæ дзы ис тæлмацгонд æрмæджытæ, терминтæ, официалон æрмæджытæ. Ларисæйы хъуыдымæ гæсгæ, раздæхын хъæуы, ранымад журналисттæ цы æвзагыл куыстой, уымæ, цæмæй фылдæр фыссой æнцонæмбарæн, хъæздыг æмæ рæсугъд æвзагыл  æрмæджытæ. Кадджын мадзал аразджытæ ссардтой, ахæм æрмæджытæ адæммæ чи хæццæ кæны, республикæйы ирон æвзагыл хуыздæр фыссæг уыцы журналистты нæмттæ æмæ сæ схорзæхджын кодтой ордентæ æмæ майдантæй.

Сыгъзæрин ордентæ æмæ дипломтæй хорзæхджын æрцыдысты: Къадзаты Станислав, Битарты Маринæ, Колыты Людмилæ, Гуыбаты Людæ, Хъулаты Юри, Бадзиаты Ларисæ.

Сыгъзæрин майдантæ æмæ дипломтæ райстой: Хуыбиаты Ларисæ, Налдыхъуаты Зæлинæ, Зыхъуаты Жаннæ, Хетæгкаты Оксанæ, Скъодтаты Эльбрус,
Сосранты Жаннæ, Калоты Дзерассæ, Сатцаты Фатимæ.

 

Нæ уацхæссæг, къам систа
Татьянæ Шеходанова 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here