Кировы районы уыдис нæ республикæйы профессионалон сæрмагонд ахуыргæнæндæтты директорты æмбырд. Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.
Æмбырды боны фæткы сæйраг фарста уыди ахуырады уыцы къабазы хъуагдзинæдтæ æмæ къуылымпытыл æрныхас кæнын, æмбæлгæ хуызы йæ рацаразын цыбыр æмгъуыдмæ.
Райдайæны йæ архай-джытæн раарфæ кодта Кировы районы администрацийы сæргълæууæг Елуаты Алымбег æмæ загъта бузныг министрæн, районы ахуырадон кусæндæттæм стыр æргом кæй здахы, уый тыххæй. Уый фæстæ Елхоты бирæкъабазджын колледжы директор Хадыхъаты Сослан бæстон радзырдта сæ
куысты сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр фарстатыл.
Алыбегты Эллæ куыд бафиппайдта, афтæмæй, колледж кæд дæрддзæф æрынцад республикæйы центрæй, уæддæр æнтыстджынæй сæххæст кодта ахуыргæнинæгтæ райсыны æнæмæнг нымæцтæ. Æцæг, ис ма, фылдæр æргом кæмæ аздахын хъæуы, ахæм фарстатæ.
Æмбырды ма ныхас цыди национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы федералон проект «Профессионалитет»-ы архайыны тыххæй дæр. Уый фадат ратдзæн сæрмагонд профессионалон ахуыргæнæндæттæ цалцæг æмæ нырыккондæр кæнынæн.
Цæгат Ирыстоны
Ахуырад æмæ наукæйы министрады
пресс-службæ














