Сыгъдæг кæндзысты парчы цадтæ

0
34

Советон дуджы Дзæуджыхъæуы Сæйраг фæлладуадзæн парчы сарæзтой донсыгъдæггæнæнтæ. Уыдоны фæрцы парчы хиконд цадты дон афоныл сыгъдæггонд цыди. Фæлæ сæм куыдфæстæмæ техникон æгъдауæй зылд кæй нал цыди, уый аххосæй цадты сбирæ ис лами. Хъуыдис æй ссыгъдæг кæнын. Æмæ уыцы хæс сæхимæ райстой нæ республикæйы Цæрæн-уатон-коммуналон хæдзарады министрад æмæ «Водоканал». Сæрмагонд къамисы хатдзæгтæм гæсгæ, баивын хъæуы цады мидæг бирæ ахсджиаг хæйттæ æмæ кусæн дзаумæттæ.

Ламийы фарста алыг кæныныл бирæ рæстæг архайдта Дзæуджыхъæуы администраци. Цадтæ-иу ссыгъдæг кодтой, фæлæ та цасдæр рæстæджы фæстæ дзыхъынногæй байдзаг сты ламийæ. Бæлвырд уыди – уавæр банывыл кæнынæн хъæуы æндæр, ахадгæдæр мадзæлттæ. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ куыст бабар кодтой, уæлдæр куыд загътам, афтæ Цæрæн-уатон-коммуналон хæдзарады министрад æмæ «Водоканал»-æн. Уый тыххæй фехъусын кодта нæ республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур.

Ныртæккæ уæлдæр амынд организацитæ сæхи цæттæ кæнынц уыцы куыстытæм, хъуамæ сыл архайын райдайой хæстæгдæр рæстæг.

 

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here