Социалон-экономикон рæзты нысантæ

0
31

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министртæ æмæ разамонджытæн цы æмбырд сарæзта, уым рахастæуыд республикæйы социалон-экономикон рæзтимæ баст цалдæр уынаффæйы.

Цæгат Ирыстоны Хица-уады разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй афойнадыл æмæ хæрзхъæд æмвæзады фарстатæй конд у республикæйы цæрджыты цард. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ветерантæн сæ бон бауыдзæн агропромышленнон гранты фæрцы сæ проекттæ царды уадзын.

Уыдæттæ бантысдзысты федералон æххуысы мадзæлтты фæрцы. Курдиæттæ бадæттæн уыдзæн РЦИ-Аланийы Хъæууон хæдзарады министрады къамисмæ. Уыцы ивддзинæдтæ конкурсон къамисы уагæвæрдмæ бахæссыны тыххæй уыд йæ раныхас хъæууонхæдзарадон ведомствæйы разамонæг Къусраты Аланæн.

Фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй цæрæуæттæ æмæ коммуналон лæггæдтæн граждæнты хицæн къордтæ фиддзысты ног фæткмæ гæсгæ. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй граждæнты социалон æххуыс республикæйæн у тынг ахсджиаг. «Азмæ республикæйы цæрджытæй 75 мин адæймаджы райсынц цæрæнуæтты æмæ коммуналон лæггæдты компенсацитæ. Уыцы нысантæн лæвæрд цæуы 800 милуан сомы. Уый руаджы регионы царды æмвæзад хуыздæргæнгæ цæуы», – загъта Хицауады Сæрдар.

Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны комитеты сæрдар Анжелæ Эммануилиди рæгъмæ рахаста паддзахадон программæ «Адæмæн куысты бынæттæ аразынæн ахъаз кæнын»-мæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарста. Уый руаджы куыстхъом инвалидтæн фæзындзæн æмæ ифтонггонд æрцæудзысты куысты бынæттæ. Фæрæзтæ федералон бюджеты фæрцы ратдзæн Социалон фонд.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй фæллойы базарад сфидар кæнын республикæйæн хæссы рæзты миниуджытæ. «Уымæ гæсгæ куыстдæтджытæн æххуыс кæнæм, æгуыст адæмы цæттæдзинад бæрзонддæр кæнæм. Куыстдæттыны центрты рацарæзты федералон программæйы архайгæйæ, регион райс-та 300  милуан сомы. Уыдон хардзгонд æрцæудзыс-ты бындурон цалцæг æмæ хъæугæ ифтонггæрзтæй баххæст кæныныл», – загъта Дзанайы-фырт.

Промышленнон куыст-уæттæн ног ифтонггæрзтыл хæрдзтæн субсидитæ дæттыны тыххæй ивддзинæдтæ федералон закъон-æвæрынадмæ бахæссыны тыххæй дæр рауад ныхас. Дзанайы-фырт куыд радзырдта, афтæмæй промышленность у экономикæйы ахсджиаг хай. «Мах стæм регионалон æмæ федералон æххуысы мадзæлтты хицау. Бирæ куыстуæттæ райстой æххуыс, æдæппæтæй – 150 милуан сомæй фылдæр. Уый руаджы сæ хъомыс фæтыхджындæр», –фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.

Хицауады æмбырдмæ рахастой алыхуызон вазыгджын æмæ ахадгæ фарстатæ. Уымæй уæлдай, æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министры хæдивæгæй снысан кодтой Игорь Ивановы.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here