РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО цæгатирыстойнаг делегациимæ архайдта СберУниверситеты ахуырадон программæйы. Хъуыддаг бантыст Уæрæсейы Президенты цур разамынддæттыны уæлдæр скъолайы æххуысæй. Программæ хуындис «Архитектурæ – адæймагæн».
Ахуырадон программæ амыдтой Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллин, «Сбербанк»-ы разамонæг Герман Греф, Мæскуыйы мэр Сергей Собянин æмæ иннæ эксперттæ. Уыдон бæлвырд дæнцæгты бындурыл радзырдтой горæтты æмæ хъæуты цæрджыты цард фадатджындæр скæныны тыххæй. Нæ респуб-ликæйы разамонæг Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уый æрмæст æхсæнадон бынæттимæ баст нæу, фæлæ ног фæндæгты арæзтадимæ, æхсæнадон транспорты ивддзинæдтимæ, сæ авналæнтæ цыбыргонд кæмæн сты, уыцы адæмæн аккаг фадæттæ саразынимæ.
«Ацы аз национ проект-тæ «Фадатджын горæтаг алфамбылай» æмæ «Цардæн – инфраструктурæ»-йы руаджы мах базилдзыстæм æхсæнадон фæзуæтты 40 бынатмæ æппæт респуб-ликæйы. Цæрджытæ сæ сæхæдæг æвзæрстой. Ацы
ахуырадон программæйы цы зонындзинæдтæ райстам, уыдонæй, æнæмæнг, нæ
куысты спайда кæндзыс-тæм», – загъта Цæгат Ирыстоны разамонæг.
«Архитектрурæ – адæймаджы тыххæй»-йы дыууæ боны дæргъы регионты разамонджытæ, сæ командæтæ бæрзонддæр кодтой сæ фæлтæрддзинад. Æдæппæтæй уыдысты 75 адæймаджы: губернатортæ, республикæты разамонджытæ, сæ хæдивджытæ, регионты архитектортæ. Марат Хуснуллин куыд радзырдта, афтæмæй фæстаг азты нæ бæстæ стыр ивддзинæдтæ æвзары. «Ноджы ма Уæрæсеимæ Донбасс Новороссиимæ куы баиу сты, уæд нæ бахъуыд сæрмагонд рæзты фадæттыл бакусын. Ныртæккæ нæ цæстæнгас у скæсæнмæ, бацæттæ кодтам тыгъдадон рæзты стратеги 2030 азмæ. Хъуамæ инвестицион-арæзтадон æмгъуыд фæтагъддæр кæнæм, зæххы хæйттæ пайдайаг уавæрмæ раивæм, нæ цæрджыты уавæртæ зынгæ фæхуыздæр кæнæм», – загъта бæстæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг.
Ахуырадон программæйы иннæ архайджытæ дæр ныхас кодтой горæтаг æмæ хъæуккаг царды уавæртæ зынгæ фæхуыздæр кæныны нысантыл.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














