Программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы кæронбæттæны архайджытæ сæ ахуыр дарддæр æххæст кæнынц. Нæ ныхас у, Донецкы Адæмон Республикæйы юристæй дыууын фондз азы чи фæкуыста, ууыл – Эдуард Зачиняевыл.
Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, пенсимæ рацæугæйæ, йæ бон хæдзары æнæмæтæй бадын нæ бацис, ацыд быцæуты бынатмæ. Ныртæккæ та разамынддæттыны паддзахадон бындуртæ ахуыр кæны. Зондамонæг ын у РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис. Эдуарды бахъуыд хæстон комуфляж официалон уæлæдарæсыл раивын, Хицауады Сæрдар та йын бæлвырд домæнтæ сæвæрдта.
Йæ уæлæ ирон хæдон кæй скодта, уый йæхи хъæппæрис уыд, афтæ йын æнцондæр у кусын. Хицаудзинады тыргъты Эдуард Зачиняевы ныртæккæ арæх бахъæуы уæвын, республикæйы Хицауады Сæрдары бæрны кæй ис, уый æмбаргæйæ. Разамынддæттыны структурæты куысты фæлтæрддзинад Дзанайы-фырт æхсызгонæй дих кæны «Æхсарджын Ирыстон»-ы программæйы архайæгимæ, йæ куысты æмæ уæгъд рæстæг дæр кæд фылдæр хатт æнæвдæлон вæййы Хицауады Сæрдар, уæддæр.
Дзанайы-фырт куыд амоны, афтæмæй Эдуард æппæт хъуыддæгтæ дæр
хъуамæ зона бындуронæй. «Нырмæ уал дæ къухы бафтыд министрадтæ æмæ ведомствæтимæ бакусын. Фыццаджыдæр, хъуамæ бамбарай, цы кусынц, цавæр фарстатæ æвзарынц, цавæр тыхстдзинæдтимæ æмбæлынц, сæ алыг кæныныл куыд архайынц, уыдæттæ. Сæйрагдæр уый у. Национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ абон сты тынг ахсджиаг. Нæ куысты, нæ архайды сæйрагдæр рахæцæн у республикæйы размæцыд», – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар, Эдуард Зачиняевимæ дзургæйæ.
Программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы кæронбæттæны архайæг куыд бацамыдта, афтæмæй йæ зондамонæг у уæлдæр къæпхæны специалист, æмæ йын уый хæссы уæлдай æхсызгон-дзинад. «Мæ бон у алцæуыл дæр ахуыр кæнын, бæстон равзарын куыстадон змæлд, хъуыддаг цæмæй бантыса, уый фæдыл Дзанайы-фырты авналæнтæ парахат сты. Йæ зæрдæбын ахастæй мæ ферох вæййы, æрмæстдæр ахуырдзау кæй дæн, уый. Тынг æнцонæй æмбарын кæны цавæрфæнды хъуыддаг дæр, æмæ уымæ гæсгæ мæ бон алцыдæр бамбарын у», – зæгъы Эдуард Зачиняев.
Кæд æмæ куысты фæтк лæмбынæг фыст вæййы, уæддæр, разамынддæттыны паддзахадон бындуртæ базоныны фæнд кæмæ ис, уымæн æнтысы йæ зондамонæджы æййафын. Аппаратон æмбырдты, разамонджытимæ фембæлдтыты афтæ зыны, цыма премьер-министры график уысмгай фыст æрцыд.
Эдуард Зачиняев йæхæдæг дæр разамынды æууæлтæй хайджын у. Райгуырд Дзæуджыхъæуы, райста юристы дæсныйад, фæкуыста Донецкы мид-хъуыддæгты оргæнты, прокуратурæйы. Йæхи цæстытæй федта, быцæу куыд райдыдта, уыдæттæ.
Йæ бинонтимæ Цæгат Ирыстонмæ ссыд 2022 азы. Æнæмæтæй хæдзары фæбадын йæ сæрмæ не ‘рхаста, æмæ ацыд сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ, афæдзы бæрцы фæхæцыд, уыд æфсады 1-æм корпусы 87-æм æхсæн полчъы службæгæнæг. 2023 азы 16 октябрæй ис бархион корпус «Пятнашка» – дикая дивизия Донбасса»-йы. Ацы кадджын дивизийы уæнг ныртæккæ йæ Райгуырæн зæххæн пайда æрхæссынмæ хъавы.
Фарон йæ хæстон сгуыхт-дзинæдты тыххæй райста «Ирыстоны Намысæн»-ы майдан, сабыр царды йæ къухы цас бафтдзæн æнтыстытæ, уый та равдис-дзæн цард æмæ регионалон программæ «Æхсарджын Ирыстон». Уый æнхъæл нæ уыд Эдуард Зачиняев, æмæ кæронбæттæнмæ æрхæццæ уыдзæн, фæлæ уал 32 архайæгимæ исынц зонын-дзинæдтæ æмæ фæлтæрд-дзинад.
Фыццаг бакастæй куыд æнцон зыны, афтæ нæу разамынддæттыны æцæгдзинад. Кæронбæттæны архайæг йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй алы хъуыддаг дæр домы бæстон ахаст, ныфс, бæрнондзинад. Уæлдай ныхæстæ кæнынмæ йæ не ‘вдæлы, фылдæр æвдисын хъæуы конд хъуыддæгтæ. Алы ирыстойнаджы куыд фæнды, афтæ
«Ирыстоны æхсар»-ы регионалон программæйы архайæг Эдуард Зачиняевы дæр фæнды, цæмæй нæ республикæ рæза, дидинæг кала. «Хъуамæ бæрзонд бынæтты бадæг чиновниктæ адæмæн хорздзинæдтæ кæной», – афтæ нымайы кæронбæттæны архайæг.
Хъалæгаты Надеждæ














