«Цæрджыты уавæртæ хуыздæр кæнын мæхицæн нымайын сæйраг хæсыл»

0
118

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламентæн ацы аз у юбилейон – æххæст ыл кæны 30 азы. Æртын азы дæргъы нæ республикæйы рæзт æмæ историон цаутимæ баст алы рæстæджыты цæгатирыстойнаг парламентаризм цы фæндæгтыл ацыд, куыд рæзыд æмæ куыд ивта, абон йæ закъонæвæрынадон куысты сæйрагдæр нысантæ цавæр сты, æмæ 2025 азы фæззыгон сессийы рæстæг депутаттæ цавæр закъонты проекттæм аздахдзысты се ‘ргом – ацы æмæ æндæр фарстаты фæдыл горæт Пятигорскы «ТАСС Кавказ»-ы Регионалон информацион центры уыд пресс-конференци.

Конференцийы архайæг журналистты фарстытæн дзуаппытæ лæвæрдта, стæй сæйрагдæр закъонты проектты, социалон политикæ æмæ юбилейон мадзæлтты тыххæй ныхас кодта Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Бюджет

Республикон бюджет куыд арæзт цæуы, уыцы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Тускъаты Таймураз загъта, ныр куыд у, афтæ хæстæгдæр æртæ азмæ дæр респуб-ликон бюджеты социалон ахадындзинад кæй нæ аив-дзæн. Финансон æххуыс, фыццаджыдæр, уыдзæн, республикæйы экономикæйæн ахсджиаг чи у – демографи, ахуырад, уыимæ, скъолайы агъоммæйы ахуырад, медицинæ, хъæу-уон хæдзарад, фæсивæдон политикæ, туризм æмæ царды æндæр къабæзтимæ баст паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ æххæст кæнынæн. Нысантæн сæ ахсджиагдæртæ Парламенты депутаттæ сбæрæг кæнынц республикæйы хицаудзинад æххæстгæнæг æмæ муниципалон оргæнтимæ. Уымæй уæлдай, бюджет пълан кæныны рæстæг депутаттæн вæййы фембæлдтытæ бюджетон кусæндæтты, министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытимæ, муниципалон районы цæрджытимæ.

Æххуыс – сæрмагонд
æфсæддон операцийы архайджытæн

Цæгатирыстойнаг депутаттæ сæ куысты сæйрагдæр нысантæй иуыл ныма-
йынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн закъон-æвæрынадон бындурыл æххуысы мадзæлттæ аразын. Фæстаг рæстæг цы закъон-æвæрынадон хъæппæристæ рахастой, уыдоны фæрцы амынд адæмы суæгъд кодтой транспорты хъалон фидынæй (ныхас цæуы, йæ хъару 180 л/с онг кæмæн у, ахæм машинæтыл); бизнесы архайыны фæнд сæ чи скæна, уыдонæн сарæзтой хъалон фидынæй зæрдæмæдзæугæ уавæртæ; сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн ис ахуырадимæ, медицинæимæ баст æндæр социалон æххуысы
мадзæлттæ дæр.

Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй æххуысы уыцы мадзæлттæн закъон-
æвæрынадон бындуртæ аразыныл ирыстойнаг парламентаритæ кусдзысты дарддæр дæр.

Æмархайд – иннæ регионты
закъонæвæрынадон оргæнтимæ

Цæгат Ирыстоны Парламентæн æнгом бастдзинæдтæ ис нæ бæстæйы иннæ регионты закъонæвæрынадон оргæнтимæ. Афтæ, горæт Севастополы Закъон-æвæрынадон æмбырдимæ  бакуыстой æмæ федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахастой æвæгæсæгдзинады профилактикæйы бындуртæ æмæ æнахъомты бартæ бахъахъхъæныны тыххæй федералон закъонмæ. Амынд къордмæ хауæг сывæллæттæ паддзахады ‘рдыгæй домынц фылдæр цæстдард, алкæимæ дæр дзы хъæуы хицæн сæрмагонд куыст, социалон цардмæ цæмæй се ‘ргом раздахой æмæ сæ аккаг граждæнтæ цæмæй рауайа, уый тыххæй. Уымæй уæлдай, Цæгат Ирыстоны Парламент цалдæр регионы закъон-æвæрынадон оргæнтимæ  бакуыстой æмæ ивддзинæдтæ бахастой парламентты цур æхсæнадон цæстдарды тыххæй федералон закъонмæ. Хуссаруæрæсейаг Парламентон Ассоциацийы бындурыл цæгатирыстойнаг Парламент æмархайд кæны Цæгат Кавказы æмæ иннæ регионтимæ дæр.

Цæгат Ирыстоны Парламенты 30 азы

Ацы аз 17 октябры Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламент бæрæг кæны юбилей – сæххæст ыл уыдзæн 30 азы. Уыцы азтæ бирæ сты æви гыццыл? Парламентæн йæ ивгъуыд, абон æмæ фидæныл ныхас кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз загъта: «Юбилей у хорз æфсон, цæмæй ивгъуыд бонтæм акæсæм æмæ сын раст хатдзæгтæ скæнæм. Адæймаг рохгæнаг у, фæлæ ивгъуыдæн рох кæнæн нæй. Æртын азы размæ политикон, экономикон уавæр республикæйы цавæр уыдысты, уый хъæуы зонын, æмбарын æй, æмæ, раст хатдзæгтæ скæнгæйæ, фидæнмæ акæсын». Парламенты фыццаг равзæрсты депутаттæ куыстой, æнæхъæн паддзахад куы фехæлд, æмæ бæстæ куы нымтъеры, уыцы уæззау æмæ сæрзилæджджын рæстæг. Æмæ ахæм уавæрты уыд зын кусæн, фæлæ уæддæр депутаттæ алкæддæр уыдысты адæмы фарсмæ, æвзарджытимæ сæ бастдзинад нæ фехæлдтой, республикæ бахъахъхъæдтой уæззау политикон æмæ экономикон бæллæхæй. Æмæ сæ абон хъуамæ уæм арфæйаг, уымæн æмæ, республикæйæн цы закъон-æвæрынадон бындур сарæзтой, ууыл цæуы архайд абон дæр, цард цы ивддзинæдтæ домы, уыдон æм хæсгæйæ.

Республикæйы нывыл цард æмæ национ
проекттæ

Республикæйы закъон-æвæрынадон хицаудзинадæн йе стырдæр æнтыстыл банымайын цы æмбæлы, зæгъгæ, журналисты ацы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар загъта: «Нæ республикæйы нывыл цард хъахъхъæд кæй æрцыд, æмæ национ проекттæ æххæст кæнын нæ бон кæй у, уый». Парламенты авд равзæрсты депутатты закъонæвæрынадон дæсны архайды фæрцы республикæйы экономикæ не ‘рлæууыд, цæуы размæ. Экономикон рæзты бæрæггæнæнтæ кæнынц хуыздæр. Национ проекттæ царды рауадзынæн арæзт цæуынц закъонæвæрынадон бындуртæ. Уыцы проектты фæрцы Цæгат Ирыстоны цæрджытæн хуыздæр кæнынц сæ уавæртæ æмæ сæ гæнæнтæ. Граждайнаг æхсæнадимæ парламентариты бастдзинад нæ хæлы, фæлæ кæны фидардæр.

«Æхсарджын Ирыстон»

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй нæ респуб-ликæйы æххæстгонд цæуы программæ «Æхсарджын Ирыстон». Йæ архайджытæ сты, сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ æфсæддон хæстæ чи æххæст кодта æмæ ныр граждайнаг цардмæ чи æрыздæхт, уыдон. Æрцыдысты æвзæрст, æмæ, рес-публикæйæн разамынд дæттыны тыххæй бæрнон куыст сын фидæны цæмæй бабар кæной, уый тыххæй сæ алкæмæн дæр ис, хъус сæм чи дары, ахуыр сæ чи кæны æмæ сын чи амоны, республикæйы хицаудзинады оргæнты кусæг ахæм бæрнон адæймаг, уыимæ – Парламенты Сæрдар дæр.

Тускъаты Таймураз бафиппайдта Парламенты депутатты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ‘хсæн бастдзинад. Иудадзыгдæр семæ æмбæлынц, сæхи, сæ нæмттæ нæ амонгæйæ, ласынц гуманитарон æххуыс. Депутаттæй иу – Хъесаты Ирыстон та Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадимæ бафыста контракт æмæ, Плиты Иссæйы номыл полчъы рæнхъыты уæвгæйæ, ныртæккæ æххæст кæны æфсæддон хæстæ сæрмагонд æфсæддон операцийы.

Мадæлон æвзаджы тыххæй закъон

Закъон фидаргонд кæд æрцæудзæн, зæгъгæ, журналисты уыцы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Тускъаты Таймураз бафиппайдта, мадæлон æвзаг, æгъдæуттæ æмæ традицитæ, адæм, куыд наци, уыцы хуызы бахъахъхъæнынæн адонæй вазыгджындæр кæй нæй. Æппæт уыдæттæ амынд сты мадæлон æвзаджы тыххæй закъоны. Ирон æвзаг цæмæй рæза, уый тыххæй ахуыргæндтæ фыссынц наукон куыстытæ, архайынц æвзаджы рæзты институттæ, царды уагъд цæуынц ахуырадон программæтæ. Фæлæ абон нæ размæ лæу-уы ноджы вазыгджындæр фарста – æрыгон фæлтæр æвзаг нæ зоны. Æмæ, хъуыддаг цæмæй цæхгæр аива, уый домы ноджы фылдæр æмæ карздæр ма-дзæлттæ. Уыцы нысанимæ республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæйæ арæзт æрцыд ирон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл сæрмагонд къамис. Йæ уæнгтæ – ахуыргæндтæ, раззагдæр наукон кусджытæ, лингвисттæ – хъуыддагыл кусынц æмæ стæй сæ уынаффæтæ уæрæх æхсæнадмæ рахæсдзысты. Ирыстоны цæрджытæ семæ разы куы уой, уæд закъон фидаргонд æрцæудзæн.

Фидæны нысантæ

Куыд республикæйы Парламенты Сæрдар, уыцы хуызы дæ размæ цавæр нысантæ æвæрыс, зæгъгæ, уыцы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Тускъаты Таймураз загъта: «Адæймаджы æппæтвæрсыг рæзтæн, райдай рæвда-уæндонæй, стæй ахуырады,
куысты мидæг аккаг уавæртæ куы уа, æмæ адæймаг йæ цардæй разы куы уа, уæд уый мæхицæн нымай-дзынæн стыр хъуыддагыл».

Ахæм хæс йæ размæ æвæры РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар. Ахæм сты Цæгат Ирыстоны Парламенты депутатты хæстæ дæр.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here