Ныхас – бюджеты æфтиæгтæ æмæ хæрдзтыл

0
42

РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барисы разамындæй уыд бюджетон фарстаты фæдыл хицауадон къамисы радон æмбырд. Уым ныхас рауад фидæн бюджетон аз æмæ 2027 æмæ 2028 азты пъланон æмгъуыдæн бюджетты рагагъоммæ бæрæггæнæнтыл.

Хæстæгдæр æртæ азы бюджеты проектты сæйрагдæр уагæвæрдтыл доклад скодта республикæйы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Карова. Министры ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæйы уавæрты уæлдай стырдæр æргом аздахын æмбæлы бюджеты æфтиæгты гуырæнтæ бахъахъхъæнынмæ,
хæрдзты фæтк хæдзар-дзиндæр кæнынмæ. Уыимæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, фыццаградон цæстдард хъуамæ уа бюджеты социалон статьятæ æххæст кæнынмæ.

Оксанæ Карова куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 2026 азы бюджеты æфтиæгты бæрц рагагъоммæ нысангонд цæуы 38 миллиард сомы бæрцæй (уыимæ, уыцы бæрцыты хыгъд нæ цæуынц, федералон центр респуб-ликæйæн алыхуызон дотациты хуызы цы фæрæзтæ радих кæна, уыдон).

Бюджеты социалон хæс-тыл дзургæйæ, министр ранымадта фыццаградон хæрдзты нысантæ: бюджетон къабазы кусджыты мызд, æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фиддонтæ, граждæнты иуæй-иу къордтæн (уыдоны нымæцы – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæ дæр) сæрмагонд пособитæ æмæ афтæ дарддæр.

Министр æмæ иннæ ведомствæты минæвæртты докладтæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй сæйрагдæр хæс раздæрау у æнæивгæ – бюджеты æппæт социалон уагæвæрдтæ дæр хъуамæ æххæстгонд
цæуой æнæкъуыхцыйæ. Дыккагæй та, дарддæр дæр æппæт хъарутæ аразын хъæуы федералон проект-тæ æмæ программæтæ æххæст кæнынмæ. Уыцы программæтæ комкоммæ ахадынц республикæйы цæрджыты фæрныгадыл, æмæ сæ уагæвæрдтæ
хъуамæ бæстон хыгъд цæуой республикæйы бюджеты проекты.

– Фидæн аз æмæ хæстæгдæр азтæн республикæйы сæйраг финансон документыл куыст йæ тæмæны бацыд. Уыцы архайд æххæст кæнгæйæ, иудадзыгдæр зæрдыл дарын хъæуы, бюджеты сæйрагдæр нысаниуæг социалон райрæзты фарс-
татимæ баст кæй у, уый. Паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттыл кусгæйæ, ахсджиаг у, цæмæй бюджеты уагæвæрдты бæлвырд фидаргонд æрцæуой æппæт хæрдзтæ дæр: ацы хай у федералон центры æххуыс, ай та – республикæйы æмæфсисады бæрц. Уыимæ, Хицауады хæс у бюджеты проекты бæстон бахынцын, Уæрæсейы Президент, федералон Хицауад æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг дарддæры социалон-экономикон райрæзты сæраппонд цы фыццаградон нысантæ æвæрынц, уыдон дæр, – загъта Дзанайы-фырт.

Кæронбæттæны куыд загъдæуыд, афтæмæй къамисы иннæ æмбырдмæ профилон ведомствæтæ бадæтдзысты, æппæт фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ хыгъд кæм æрцæудзысты, ахæм кæронбæттæн уынаффæты проекттæ.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here