15 октябры нæ республикæйы цæрджытæ сбæрæг кодтой Ирыстоны номдзыд æмæ уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырды 166 азы.
Дзæуджыхъæуы Мады- Майрæмы аргъуаны кæртмæ Къостайы ингæны цурмæ райсом раджы æрбамбырд сты, Къостайы сфæлдыстад зынаргъ кæмæн у, уыдон: РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, республикæйы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæрдар Милдзыхты Вячеслав, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнгтæ, скъолаты ахуырдзаутæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ, нæ горæты цæрджытæ. Къостайы рухс ном æрымысыны тыххæй нæ республикæмæ уазæгуаты æрбацыдысты делегацитæ Мæскуы æмæ Уралæй, Уæрæсейы бирæ регионтæй, сыхаг æфсымæрон республикæтæй.
Кадджын мадзал байгом кодта æмæ уазджытæн арфæ ракодта республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис.
– Уæ бон хорз уæд уе ’ппæтæн дæр! Абон мах Къостайы ингæны цурмæ æрбамбырд стæм, цæмæй йын æрымысæм йæ рухс ном æмæ нæ уазджытæ æмæ фæсивæдæн ра-
дзурæм, цавæр адæймаг уыд, уый. Зындгонд куыд у, афтæмæй Къоста бындур сæвæрдта ирон литературон æвзаг æмæ аивадон литературæйæн дæр. Уый фæрцы сырæзти ирон классикон литературæ. Уæдæ йæ зындгонд чиныг «Ирон фæндыр», цыма алы кары адæмæн дæр фыст у, афтæ дзы алчидæр, сывæллонæй-зæрондæй, йæхицæн цыдæр хорздзинад райсдзæн. Къостайы «Ирон фæндыр» стыр пайда у ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæн дæр. Фæстаг азты Къостайæн стыр аргъгонд æрцыдис. Йæ номыл аивад æмæ литературæйы кусджытæн лæвæрд цæуы паддзахадон преми. Ноджы ма йæ ном хæссынц бирæ уынгтæ, уыдонимæ нæ республикæйы сæйрагдæр университет дæр. Республикæйы Фысджыты цæдис йæ размæ сæвæрдта хæс: Иугонд Нациты Организацийы сæйрагдæр æвзæгтæ сты 6. Мах фæнды, цæмæй Къостайы «Ирон фæндыр» тæлмацгонд æрцæуа уыцы æвзæгтæм. Фарон йæ чиныг рацыдис англисаг, францусаг æмæ персайнаг æвзæгтыл. Тегераны Кады аллейы нæ университеты ректор Огъуаты Аланы фæрцы, æвæрд æрцыдис Къостайы бюст. Нæ размæ ма сæвæрдтам хæс, цæмæй ма китайаг æмæ араббаг æвзæгтæм дæр тæлмац æрцæуа, æмæ йæ уæд æппæт дунейы дæр кæсдзысты. Уæдæ ацы бонты нæ республикæйы цæуы поэзийы дунеон фестиваль æмæ йын ном радтам – «Осетинская лира», – загъта Хозиты Барис.
Республикæйы Хицауады уæнгтæ, интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ уазджытæ Къостайы ингæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Ахуырдзаутæ аив бакас-
тысты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ.
Уыцы бон ма дидинджытæ сæвæрдтой Къостайы цыртдзæвæныл Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры бацæуæны. Бæрæгбоны фæлгæты Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музейы арæзт æрцыдысты рав-
дыстытæ. Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры артисттæ та бацæттæ кодтой литературон-музыкалон композици «Весь мир – мой храм» æмæ спектакль «Фатимæ».
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














