Шамилы поэзийы хъомыс…

0
112

Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы бонты Дзæуджыхъæуы йæ куыст кæны поэзийы дыккæгæм дунеон фестиваль «Осетинская лира». Поэзийы уыцы стыр бæрæгбоны архайджытæ æмæ уазджытæ систы литератортæ Уæрæсейы бирæ регионтæ æмæ Хуссар Ирыстонæй.

Фестивалы фæлгæты ЦИПУ-йы ЮНЕСКО-йы залы уыд зындгонд ирон поэт Джыккайты Шамилы æмдзæвгæты æмбырдгонды презентаци.

Чиныджы бындурæн æвзæрст æрцыд, поэтæн 2010 азы цы æмдзæвгæты æмбырдгонд рацыд, уый. Ног чиныгмæ хаст æрцыдысты уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй 200 æм-
дзæвгæйæ фылдæр. Уыдоны тæлмацыл бакуыстой Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнгтæ, тæлмацгæнджытæ Баситы Зæлинæ, Андрей Расторгуев, æндæр мæскуыйаг, урайлаг æмæ цæгаткавказаг поэттæ æмæ тæлмацгæнджытæ. Чиныг мыхуыры рауадзынæн зæрдиаг æххуыс бакодта Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет.

Чиныджы презентацийы архайджытæн университеты разамынды номæй арфæ ракодта проректор Кокайты Алан. Уый ЦИПУ-йы кады грамотæтæ саккаг кодта, чиныгыл чи бакуыста, уыцы сфæлдыстадон архайджытæн.

Уæрæсейы Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Валерий Латынин, цæдисы секретарь Нинæ Попова, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисты минæвæрттæ, Цæгат Кавказы республикæты фысджытæ æмæ поэттæ сæ раныхæсты фæбæрæг кодтой Джыккайты Шамилы поэзийы хæдбындурдзинад, йæ литературон æмæ граждайнаг ахадындзинад…

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here