«Аразæм Ирыстон»: фæсивæды хъæппæристæ

0
130

Цæгат Ирыстоны 16 октябры йæ куыст райдыдта фыццаг фæсивæдон республикон арæзтадон форум «Аразæм Ирыстон». Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы фæзуаты профилон факультеттæ, колледжтæ æмæ техникумты студенттæ, уыдонимæ, скъолаты хистæр кълæсты ахуырдзаутæ фембæлдысты хуыздæр æмæ раззагдæр специалисттимæ. Дыууæ боны дæргъы уыдон архайдзысты профессион конкурсты, мастер-классты æмæ нымæцон технологитимæ баст арæзтады ахуырадон сесситы.

Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Атараты Георги, республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, Цæгат Ирыстоны Аразджыты цæдисы генералон директор Куыдзойты Фидар æмæ нæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат.

Атараты Георги фæбæрæг кодта, ацы форум республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй арæзт кæй æрцыд, уый.

– Аразæг у æнæмæнгхъæугæ дæсныйад. Мæ зæрдæ дарын, форум уын цымыдисаг æмæ пайдайаг кæй уыдзæн. Уæлдай бузныджы ныхæстæ, Уæрæсейы алы регионтæй нæм цы эксперттæ æрбацыдысты, уыдонæн, – загъта Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг.

Ацы мадзал саразынæн республикæйæн баххуыс кодта Уæрæсейы Арæзтады министрады ахуырадон архайды компетенциты центр. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, форум «Аразæм Ирыстон» у егъау программæ. Йæ сæйрагдæр нысан у арæзтадон дæсныйæдтæм фылдæр æргом раздахын.

– Махæн нæ хæс у куыст афтæ рацаразын, цæмæй фæсивæдæн, скъолайы ахуыргæнгæйæ, сæ бон уа рагацау фидæны дæсныйад равзарын. Дарддæр сæм æнхъæлмæ кæсдзысты профилон уæлдæр æмæ астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндæтты, уый фæстæ та – куыстуæтты, уым сын, æнæмæнгæй, уыдзæн куысты бынæттæ, – ныффыста республикæйы разамонæг йæ телеграм-каналы.

Техникумы бæстыхайы цы мастер-класстæ ацыдысты, уыдоны уæлахиз-
дзаутæ сбæрæг уыдзысты 17 октябры. Æнтыстджын ут!

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ,
къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here