Æрæфы районы Лескены хъæуы кæронмæ ахæццæ сты ног фæлладуадзæн тæлмы фæлгонцады куыстытæ.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ.
Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, ног æхсæнадон бынаты фæзуат у 3 мин квадратон метры бæрц. Фæлладуадзæн тæлм рафидыдта аив къахвæндæгтæ æмæ цъæхвæлыстæй. Спортивон æмæ сывæллæтты хъазæн фæзты кæрæтты æвæрд æрцыдысты бандæттæ…
Министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй фæлгонцадон куыстытæ бакодтой фыццаградон национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы фæлгæты.
Нæ уацхæссæг














