Стыр поэт, фыссæг, ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, нывгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг ХЕТÆГКАТЫ Къостайы райгуырды 166 азы кадæн æмбырд арæзт æрцыд Мæскуыйы дæр. Уым байгом кодтой поэты цыртдзæвæн. Кадджын мадзалы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.
Хетæджы-фырты бюст æвæрд æрцыд 1164-æм астæуккаг скъолайы раз (ацы ахуырадон кусæндоны минæвæрттæн æнгом бастдзинæдтæ ис Беслæны
ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутимæ).
Фембæлды архайæг уыдысты Уæрæсейы Федерацийы сенатор Цæгат Ирыстонæй Виталий Назаренко, Мæскуыйы Хицауады национ политикæ æмæ регионалон бастдзинæдты департаменты бæрнон кусæг Фикус Муртазина, Уæрæсейы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзасохты Тамерлан, Мæскуыйы Ирон æхсæнады сæрдар Абайты Алан æмæ диаспорæйы иннæ уæнгтæ, 1164-æм иумæйагахуырадон скъолайы директор Михаил Клочихин æмæ фысымты иннæ минæвæрттæ.
Сергей Меняйло æмбырды архайджытæн зæрдиаг салам загъта, стæй бафиппайдта, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æрвылаз бирæ æндæр регионты дæр кæй сбæрæг кæнынц, уый.
– Æгæрон уыд Къостайы æнувыддзинад йæ адæмыл, поэт йе сфæлдыстады ирдæй æвдыста хохæгты царды тыхстдзинæдтæ, сæрибардзинад æмæ рæстдзинадæн йæ уд снывонд кодта. Сæрмагонд ныхасы аккаг у, Къоста ирон литературон æвзагæн бындур кæй æрæвæрдта, йæ адæмы национ хиæмбарынад хъомысджындæр кæй кодта, уый дæр. Æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр» сси национ литературæйы рæбинаг цæджындз, æмæ абон дæр уыцы чиныг ис мадæлон æвзагыл фыст кадджындæр æмæ уарзондæр уацмысты номхыгъды. Абон ма не ’ппæтæн дæр иу æфсон фæзынд, цæмæй радон хатт нæ къухмæ райсæм Къостайы уацмысты чиныг æмæ ногæй банкъарæм æнæмæлгæ, зæрдæагайгæ поэзийы тæваг, – загъта Сергей Меняйло.
Кадджын æмбырды архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй поэты бюст Мæскуыйы æвæрд кæй æрцыд, уый ма иу ахсджиаг цау у бæстæйы сæйраг горæт æмæ Ирыстоны ахастдзинæдты.
Цыртдзæвæны проектыл бакуыста скульптор Михаил Сердюков. Бюст сæвæрыны куыст та æххæстгонд æрцыд егъау федералон проект «Уæрæсейы намысы аллей»-ы фæлгæты.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














