Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй Мæскуыйы арæзт æрцыд æртыккæгæм федералон форум «Сылгоймæгтæ – фидæны сæраппонд». Уыцы дзыллон æмбырды архайдтой Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр.
Национ центр «Уæрæсе»-йы фæзуатмæ æрбамбырд сты форумы 700 архайæгæй фылдæр: сылгоймæгты змæлды раздзогтæ, партион проектты регионалон координатортæ, депутаттæ, æхсæнадон иугæндты уæнгтæ æмæ эксперттæ… Уыдон бæстон æрныхас кодтой партион программæтæ æмæ национ проекттæ æххæст кæныныл, бæстæйы фæрныгдæр фидæнæн сæраппонд ахадгæ хъæппæристæ царды рауадзыныл. Сæрмагонд æргом аздæхтæуыд сылгоймæгты змæлд хъомысджындæр кæнынмæ, нæ мадæлтæ æмæ хоты цард æмæ куысты уавæртæ
хуыздæрæрдæм ивынмæ, æхсæнады иннæ вазыгджындæр фарстатæм.
– «Иугонд Уæрæсе»-йы дæлбар архайæг сылгоймæгты змæлды уæнгты рæгъмæ цы лыггæнинаг фарстатæ рахæссынц, уыдонæн сæ фылдæр хыгъд æрцыдысты партийы Адæмон программæйы. Документы уагæвæрдтыл къæпхæнгай куыст цæуы. Уыцы архайдыл зæрдæзæгъгæ хуызы ахады сылгоймæгты змæлды бирæвæрсыг куыст дæр, – форумы йæ раныхасы фæбæрæг кодта «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдар
Дмитрий Медведев.
Партийы сæрдар форумы архайджытæн зæрдæ бавæрдта, сылгоймæгты змæлды минæвæртты ахсджиагдæр фæндæттæ Адæмон программæйы ног редакцийы дæр сæ бынат кæй ссардзысты, уымæй.
Æппæт уыцы фарстатыл ныхас адарддæр кодтой форумы делегаттæ æмæ уазджытæ. Уыдонимæ – Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Нæ республикæйы номæй форумы архайæг уыдысты «Иугонд Уæрæсе»-йы сылгоймæгты змæлды регионалон координатор, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Дзгойты Иринæ, Сывæллæттæ æмæ æнахъомты цæгатирыстойнаг цæдисы сæрдар Мæргъиты Жаннæ æмæ «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады специалист Баситы Дзерассæ.
«Форум рауад цымыдисаг æмæ пайдайаг, йæ архайджытæ æрдзырдтой бирæ ахсджиаг фарстатыл, бахастой фæндæттæ бæстæйы абоны царды нывылдзинад хъомысджындæр кæныны фæдыл, фæбæрæг кодтой ахадгæ æхсæнадон-политикон проекттæ. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ сæ бынат ссардтой форумы уынаффæты. Ныр сыл къæпхæнгай куыст цæудзæн», – æмбырды фæстæ йæ хъуыдытæ загъта Дзгойты Иринæ.
САНАТЫ Альбинæ














