Алагиры чи райгуырд, схъомыл, уыцы Дзасохты Мæдинæйы къухы бафтыд йæ мады фæдзæхст сæххæст кæнын. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет каст фæуыны фæстæ йæ куыстмæ арвыстой Калугæйы облæстмæ. 2007 азы ссис милицæйы участочы æххæстбарджыны æххуысгæнæг Вортынскы поселочы.
Кæддæр, «Место встречи изменить нельзя» кинонывы Жеглов куыд загъта, «Давæг хъуамæ ахæстоны бада», уый йæ зæрдæмæ арф райста Дзасохты чызг. Йæ ныййарджыты хъомылад, æхсæнады ахаст фæбæрæг сты æрыгон специалисты зондахастыл, кæддæриддæр тырныдта рæстагдзинадмæ.
Ныртæккæ Дзасохты Мæдинæ у пъæлицæйы майор, Мидхъуыддæгты территориалон оргæны иртасæн куыстгæнæг, ссис, мах абон сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы дæлхайады уæнг. Царды æцæгдзинад куыд æвдисы, афтæ иртасæн куыстгæнæг æххæст кæны бæрнон, лæмбынæг æмæ бæстон архайд. Фыдракæнды бынатмæ æрхæццæ вæййы слестгæнæн-оперативон къордимæ, бахъæуы йæ æппæт арæхстдзинæдты, зонындзинæдты фæрцы бынатмæ æркæсын, фыд-
раркæнд æваст раиртасын. Мæнæ иутæ ацы куыстыл куыд фæфæсмон кæнынц, афтæ Дзасохты чызгæн никуы рауад.
Ныртæккæ Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады иртасæг у, 18 азы дæргъы цы куыст кæны, уымæй разы у. Йæ мады тынг фæндыд, цæмæй бафæзма йе ‘фсымæры, уый уæдмæ куыста милицæйы. Æрыгонæй Мæдинæ кикбоксингмæ, спорты алы хуызтæм æргом здæхта, фæлæ йæхи милицæйы кусæджы уæлæдарæсы куы федта, уæд йæ фæнд нал аивта.
Æнæмæнг, зондамоныны куысты ахадындзинад пъæлицæйы бæрæг дары, уый руаджы æрыгон адæймаджы дæсныйадон-хæрзæгъдаудзинады æууæлтæ фæфидардæр вæййынц. Дзасохты Мæдинæ кæддæриддæр æрымысы, Вортынскы поселочы йын цы зондамонæг уыд, уый – Татьянæ Владимировайы. Уый уыд милицæйы слестгæнæн хайады хицау.
Уый æрыгон чызджы сахуыр кодта слест кæныны сæйраг рахæцæнтыл, уымæй уæлдай йын йæ зæрдæйы бавæрдта сæйрагдæр миниуджытæ: рæстагдзинадмæ тырнындзинад æмæ хæрзуд уæвын. Афтæмæй йæ дæсныдзинад фидардæр кодта. Кæд æмæ уæдæй 18 азы рацыд, уæддæр нырма дæр йæ зæрдыл дары йæ зондамонæджы фæдзæхстытæ, йæ фыццаг раргомгонд уголовон хъуыддаг.
Æрыгон фыдгæнджытæ фæнадтой æнæхæдзар адæймаджы, хъуыддаг тæрхондонмæ æвæстиатæй бахæццæ кодта Дзасохты чызг. Чидæриддæр аххосджын уыд, уыдон æфхæрд баййæфтой. Ныртæккæ Дзасохты Мæдинæ Калугæйы облæсты службæ æрхъуыды кæны зæрдæрайгæйæ. Бахъуыд-иу æй æндæр дæлхайæдты дæр службæ хæссын. Кæд æмæ йæ службæ æнтыстджынæй хаста, уæддæр æй фæндыд йæ чысыл райгуырæн бæстæмæ сыздæхын. Йæ хиуæтты, йæ хæстæджыты уынын, æппæт уыдæттæ фæуæлахиз сты æмæ Дзасохты Мæдинæ ссыд Цæгат Ирыстонмæ.
Службæмæ йæ райстой Алагиры районы мидхъуыддæгты хайадмæ, ома, иу ранæй иннæ ранмæ фыдракæндтæ ницæмæй хицæн кæнынц. Æмæ Мæдинæйы къухы бафтыд службæйы æппæт хæстæ уæндонæй æххæст кæнын. Кæмдæр æй тыхсын кæны, нæхимæ дæр ахæм фыдракæндтæ арæх кæй æрцæуынц, нæ рагон традицитæ, æгъдæуттæ дæр кæй нал уромынц фыдгæнджыты, уый. Кæд æмæ алыхуызон цауты архайы, уæддæр йæ уæгъд рæстæг æрвиты йæ цотимæ, йæ фырттæ Тигран æмæ Арсенимæ.
Уыдоны руаджы йæм фæзыны тых, хъару, йæ къухтæ не ‘руадзы… Исчи йæ куы бафæрсы, лæппутæ дæр дæ дæсныйад равзардзысты, зæгъгæ, уæд Дзасохты Мæдинæ фæзæгъы: «Мæ фыртты фæндæттимæ кæддæриддæр сразы уыдзынæн». Ныр та уал сын æнæмæт сабидуг саразыныл архайы.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор














