Кæсæг-Балхъары республикæйы Лескены районы Озрекы хъæуы сæдæ азы юбилейы фæдыл бæрæгбоны мадзæлтты архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ацы хъæуы цæрынц, Кавказаг хæсты фæстæ æнусы размæ Дыгургомæй ардæм йæ цæрæнбынат чи раивта, уыдоны байзæддæгтæ. Не ‘мзæххонтæн сæ бæрæгбоны тыххæй зæрдиаг арфæ ракæнынмæ Цæгат Ирыстонæй чи ‘рцыд, уыцы делегацийы уæнгтæн зæрдиаг салам загъта Кæсæг-Балхъары Республикæйы Сæргълæууæг Казбек Коков.
Дыууæ республикæйы разамонджытæн уыдис кусæг фембæлд, æмбырды æрныхас кодтой культурæйы, спорты, фæсивæдон политикæйы, хъæууон хæдзарады, арæзтады къабæзты здæхтты регионты æмгуыстад дарддæр фидардæр кæныны фарстатыл.
Бæрæгбонон мадзæлтты фæлгæты Сергей Меняйло æмæ Казбек Коков бабæрæг кодтой бынæттон скъола, сæвæрдтой дидинджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмардуæвæг хъæуы цæрджыты цыртыл. Дыууæ субъекты сæргълæуджытæ ахуырадон кусæндоны разамонæг Жаннæ Хачетловаимæ, скъолайы фæндзай азы размæ кæй сарæзтой, уыцы Хæстон æмæ фæллойадон намысы музейы экспозицитæм æркастысты, базонгæ сты Сывæллæтты хъæппæристы центримæ. Ам ахуырдзаутæн арæзт ис уæрæх уавæртæ се сфæлдыстадон æмæ социалон проекттæ царды уадзынæн.
Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй Озрекы скъолайæн лæвæрд æрцыд дыгурон диалектыл ахуыргæнæн чингуыты 44 комплекты 1-4 кълæстæн.
Дыууæ республикæйы сæргълæуджытæ архайдтой Озрекы хъæуы Кæсæг-Балхъары республикæйы фыццаг президент Валерий Коковы номыл Нациты ‘хсæн культурон центр байгом кæныны кадджын мадзалы. Сергей Меняйло æмæ Казбек Коков Кадджын уазджыты чиныджы ныффыстой арфæтæ ног культурон тыгъдады хъомысджын куысты тыххæй.
Озрекы сæдæ азы юбилейон концерты Сергей Меняйло хъæуы цæрджытæн арфæтæ ракодта уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл:
– Тынг æхсызгон мын у абон ам уæвын æмæ ме ‘мзæххонты райдзаст
цæстæнгас уынын. Уæрæсейы Президент иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта, алчидæр нæ тыхджын кæй у йæ хæдхуызæй. Махæн уыдон сты нæ истори, культурæ, мадæлон æвзаг. Бузныг зæгъын Озрекы хъæуы цæрджытæн, Ирыстоны традицитæ, æгъдæуттæ æмæ культурæйыл иузæрдиондзинад кæй нæ рох кæнут, нæ хистæр фæлтæртæ
æнусты сæрты кæй æрхастой, уыдон æрыгон фæлтæрмæ кæй хæццæ кæнут, уый тыххæй. Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары адæмтæ æфсымæрты цард кæй кæнынц, уый нын стыр цины хос у. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад, фæрныгад, царды хорздзинæдтæ.
Казбек Коков Сергей Меняйлойæн арфæ ракодта, йæхæдæг кæй æрцыд æмæ кæй архайы хъæуы сæдæ азы юбилейы, уый тыххæй.
– Стыр бузныг, нæ абоны циндзинады кæй архайыс, Цæгат Ирыстоны раздæры разамонджытау нæ дыууæ республикæйы ‘хсæн æфсымæрон ахастдзинæдтæ кæй фидардæр кæныс, мах уымæн стыр аргъ кæнæм. Озрекы хъæуы цæрджытæн зæрдиаг арфæ кæнын сæ рæсугъд бæрæгбоны фæдыл. Уыцы сæдæ азы дзаг сты фæллойадон
сгуыхтдзинæдтæ æмæ размæцыдæй. Мах зонæм, хъæуы цæрджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман Райгуырæн бæстæ знагæй бахъахъхъæнынмæ цы стыр бавæрæн бахастой, уый. Хæсты фæстæ озрекæгтæ адæмон хæдзарад йæ къæхтыл
слæууын кæныны хъуыддаджы дæр иннæтæн дæнцæг уыдысты. Бирæ ма-
дзæлттæ сарæзтой ирон культурæ бахъахъхъæнынæн дæр, æмæ уый руаджы нæ дыууæ республикæйы ноджы фæхæстæгдæр сты кæрæдзимæ, фидардæр сты
æрмæст нæ хæлардзинад нæ, фæлæ ма нæ хæстæгдзинады бастдзинæдтæ дæр. Сымах размæ номджынæй цæут. Дызæрдыг нæ кæнын, уыцы фæрнæйдзаг фæндагыл дарддæр дæр иумæ кæй цæудзыстæм! – загъта Казбек Коков.
Бæрæгбоны кадæн, хъæуæй рацæуджытæй фæллой æмæ сфæлдыстадон куысты сгуыхтдзинæдтæ чи равдыста, уыдоны схорзæхджын кодтой хæрзиу-
джытæй. РЦИ-Аланийы сгуыхт артисты кадджын ном ном лæвæрд æрцыд Цæрикъаты Алан, Цæрикъаты Альбинæ æмæ Цæрикъаты Фатимæ-
йæн.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæгæй схорзæхджын кодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Рæмонты Людмилæйы.
Кæсæг-Балхъары республикæйы адæмон артисты ном раттой Цæрикъаты Феликсæн.
Фæбæрæг кæндзыстæм, ацы хъæуæй зындгонддæр рацæуджытæй уыд Цæгат Ирыстоны Коммунистон партийы обкомы раздæры нымæрдар Хъæбæлоты Билар.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














