Дзæуджыхъæуы Терчыфалейы районы прокуратурæ сразы ис, слестгæнджытæ 20-аздзыд нæлгоймаджы ныхмæ арæзт уголовон хъуыддаджы фæдыл цы зылынгæнæн хатдзæг сфидар кодтой, уыимæ. Ныр уголовон хъуыддаджы тыххæй йæ хъуыды загъта тæрхондон дæр.
Уæрæсейы Уголовон кодексы 264-æм статьяйы 3-æм хайы («Хæдтулгæйы рулыл бадгæйæ æмæ фæндаггон змæлды фæтк фехалгæйæ, æнæрхъуыдыйæ адæймаджы амарын») бындурыл нæлгоймаджы ныхмæ арæзт æрцыд уголовон хъуыддаг.
Слестгæнджытæ куыд раиртæстой, афтæмæй азымджын куыста бырæттæласæн сæрмагонд транспортыл. 2024 азы февралы бонтæй иуы, йæ куыст æххæст кæнгæйæ, архайдта бырæтты контейнертимæ. Уыимæ, уыцы рæстæг ныхас кодта телефонæй дæр. Æвдæлонгонд контейнер йæ бынаты нæма æрæвæрдта, афтæмæй æнæрхъуыдыйæ хæдтулгæ фенкъуысын кодта. Æмæ афтæмæй йæ цæлхыты бын фæцис адæймаг. Хъыгагæн, йæ цæфтæ æгæр уæззау разындысты, нал аирвæзт.
Фыдракæнды æппæт æууæлтæ равзаргæйæ, нæлгоймаг нымад æрцыд аххосджыныл, хæстæгдæр 3,5 азы арвитдзæн колонийы.
РЦИ-Аланийы Прокуратурæйы пресс-службæ














