Хъæбатыры мысгæйæ

0
64

Уæрæсейы Хъæбатыр Г. Трошевы номыл Дзæуджыхъæуы 40-æм астæуккаг скъолайы кадджын уавæры байгом кодтой скъолайы раздæры рауагъдон Сергей Ковалевы номарæн «Хъæбатыры кълас».

Сергей Владимиры фырт Ковалев уыди капитан, разамынд лæвæрдта взводæн. Райгуырд Ростовы облæсты горæт Батайскы 1967 азы 24 апрелы. Астæуккаг скъола каст фæци Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы 1984 азы.

Сергей архайдта хæстон быцæуты Цæцæны Республикæйы 1994 азæй фæстæмæ. 1995 азы 1 январы Грознайы æфсæн- вæндаджы вагзалы раз, йе ’мбæлтты чъылдымæрдыгæй хъахъхъæнгæйæ, фæмард. Баныгæдтой йæ горæт Майкопы. Хорзæхджын æрцыди майдан «Намысы тыххæй» æмæ Лæгдзинады орденæй (мæлæты фæстæ).

«Хъæбатыры кълас» гом кæныны рæстæг скъоламæ æрбацыдысты Сергейы сывæллæттæ, йæ ахуыргæнæг – Хетæгкаты Майя, Уæрæсейы Хъæбатыр Есенаты Таймуразы æфсымæр Альберт, Цæгат Ирыстоны æфсæддон комиссарады хайады хицау, майор Александр Слипченко, Уæрæсейы Хъæбатыры мад – Татьянæ  Днепровская.

Уазджытæ Сергейы мысыдысты, куыд æгъдауджын, зæрдæхæлар лæппуйы, дзырдтой, йæ алы хъуыддагæй дæр кæй уыди фæзминаг йе ’мкъласонтæн, уый фæстæ та, æфсады службæйы рæстæг, йе ’фсæддон æмбæлттæн.

Скъоладзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ Сергейы тыххæй, ноджы ма иу хатт зæрдыл æрлæууын кодтой йæ лæгдзинад æмæ æнæмæлгæ хæстон сгуыхтдзинад.

Амæй фæстæмæ Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы уыдзæн сæрмагонд зæрдылдарæн, номарæн бынат – «Сергей Ковалевы номыл кълас».

 

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here