Нырма рæзгæ саби уыд, афтæмæй Калоты Тамерлан йæхицæн скарста, æрмæстдæр мидхъуыддæгты оргæнты кæй кусдзæн, уый. Æвæццæгæн, уыдæттæ бабæттæн ис сæ бинонты цардвæндагимæ, Райгуырæн
бæстæмæ уарзондзинадимæ, комкоммæ йæ фыдыфыдимæ. Уый Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæндæгтыл фæцыд Ирыстонæй райдайгæйæ суанг йæ кæронмæ.
Йæ фыд Алыксандр та Советон æфсады фæслужбæ кодта, уырдыгæй рацыд отставкæйы сержанты цины. Уæдæ лæппуйы хистæр æфсымæр Калоты Артур каст фæцис Волгограды Мидхъуыддæгты академи. Æппæт уыдæттæ фæзындысты æрыгон лæппуйы зондахастыл. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет каст фæуыны фæстæ 2012 азы кусынмæ æрбацыд Алагиры районы пъæлицæйы хайадмæ.
Раздæр уал стажировкæ ацыд ведомствæйы æдде хъахъхъæныны хайады. Фæстæдæр, 2016 азы, мидæфсæдтæ æмæ ведомствæйы æдде хъахъхъæныны хайад баиу кодтой, æмæ лæппу Уæрæсейы Национ гвардийы службæ кæнын райдыдта. Ныр та йын фадат фæзынд, æмæ районы мидхъуыддæгты хайадмæ æрбаздæхт, территориалон оргæны иртасæн куыстгæнæджы бынат бацахста.
Калоты Тамерлан у пълицæйы лейтенант, йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы куыст домы уавæрмæ æндæр хуызы æркæсын, цæрдæг зонд, лæмбынæг ахаст. «Мæнæ æмхуызонæй цытæ зонæм, уыдæттæ æгæр гыццыл сты, алы цаумæ дæр хъуамæ тынг лæмбынæг æркæсæм, равзарæм æй, слесты рахæцæнтæй æппæтæй дæр пайда кæнын хъæуы. Уымæн æмæ ам адæмы хъысмæт æвзарæм», – зæгъы Калойы-фырт.
Сæ куыстæй аразгæ вæййы, ацы адæймаг аххосджын у æви нæ, уый сбæрæг кæнын, уый та алы пъæлицæйагæй дæр домы бæстон æмæ лæмбынæг архайд. Æцæгдæр, адæймаг пъæлицæмæ куы æрбафты, уæд кæмдæр фæтæрсы, стыхсы, суанг æй психолоджы æххуыс дæр бахъæуы. Чидæр йæхи тынг карзæй равдисы, чидæр та – бынтон ныллæмæгъ вæййы. Алыхуызон уавæртæ равдисы цард… Алкæй зæрдæмæ дæр агурын хъæуы фæндаг.
Калоты Тамерлан куыд радзырдта, афтæмæй сæм нæй искæй дзæгъæлы бафхæрыны нысан, æрмæстдæр хъуыддæгтæ равзарын, бар æм чи дары, уый сбæрæг кæнын. Аххосджынтæй алчидæр æфхæрд æрцæудзæн, уый дæр раст хатдзæг нæу, уымæн æмæ пъæлицæйы кусджытæ хъуамæ аххосы бæрц равзарой. Уыдæтты руаджы адæмы ‘хсæн нæ къаддæр кæны пъæлицæйыл æууæнк. Фыдракæнды амæттагимæ фыццагдæр фембæлы хъуыддæгтæ иртасæг, уымæй бирæ аразгæ вæййы.
Раст ахаст ацы куысты у æппæты сæйрагдæр, ахсджиагдæр. Йæ куысты мидæг Калоты Тамерлан банкъардта хистæрты амындтытæ, сæ ахаст, сæ зонд. Уыдæтты руа-
джы аразы йæ фæндаг, кæд æмæ йын ацы куыст нырма ног у, уæддæр йæ хистæр æмбæлтты ахаст æмбары. Фыццаг цы фыдракæнд раргом кодта, уый дзы рох нæу. Бузныг у районы мидхъуыддæгты хайады разамонæг Тлаттаты Аслæнбегæй. Раст цыма йæ хорз хистæр у, афтæ йæм кæсы, исты фарста, уæд уайтагъд æххуысмæ цæттæ вæййы.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор














