Æхсызгон фембæлд – гвардионтимæ

0
75

УФ-йы Национ гвардийæн Хъазаны цы дæлхайад ис, уым службæ кæнынц бирæ уæрæсейаг регионты минæвæрттæ. Се ’хсæн – ирыстойнаг лæппуты къорд дæр.

Ирон лæппутæ сæ службæйы уавæртæй цас райгонд сты? Цæмæй сæ хъæуы се ’мзæххонты æххуыс? Ацы æмæ æндæр хъуыддæгтæ бæстон базоныны нысанимæ национ-культурон центр «Ирыстон»-ы уæнгтæ (семæ уыд юрист Владимир Коцубей дæр) бабæрæг кодтой æфсæддон дæлхайад. Уым сын зæрдæмæдзæугæ фембæлд рауад нæ лæппутимæ.

– Ирыстойнаг лæппутимæ ныхасæй райгондæй баззадыстæм. Бæстон ныхас нын рауад службæйы фæткыл, æппæт иннæ фарстатыл. Мах лæппутæм фæсидтыс-
тæм, цæмæй алкæддæр сæ зæрдыл дарой, райгуырæн республикæйæ дард уæвгæйæ, æрмæст сæхицæн нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæн дæр ном кæй кæнынц, уый. Уыдон сæ службæйы хæстæ цас бæрнонæй æххæст кæнынц, сæ алфамбылай адæмимæ цас хæларæй цæрынц, уыцы æмæ иннæ æууæлтæм гæсгæ аргъгонд цæудзæн Ирыстоны алкæцы минæварæн дæр… Махæй цы аразгæ уа, уымæй алкæддæр сæ фарсмæ уыдзыстæм. Уыимæ, æфсæддон дæлхайады командæгæнынадимæ дæр кæрæдзи бамбæрстам, æмархайд кæндзыстæм нæ лæппуты службæйы фæтк æмæ уавæртæ хуыздæр кæныны хъуыддаджы, – фембæлды фæстæ радзырдта Цомайты Валери.

«Рæстдзинад»-ы минæваримæ ныхасы кæронбæттæны Цомайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй иугонд «Ирыстон»-ы уæнгтæ хæстæгдæр рæстæгмæ дæр цæттæ кæнынц ахадгæ æхсæнадон-культурон мадзæлттæ, архайынвæнд кæнынц горæт æмæ республикæйы æмвæзадыл дзыллон акциты. Æмæ алкæцы ран дæр сæ ирондзинад æмæ фыдæлтыккон æгъда-
уæй бæрæг кæй дардзысты, уый дызæрдыггаг нæу…


СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here