РЦИ-Аланийы Парламенты арфæ

0
74

Æрæджы иугонд «Ирыстон»-ы уæнгтæ архайдтой Татарстаны Адæмты ассамблейы æмбырды. Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой паддзахадон национ политикæйы уагæвæрдтæ царды уадзыныл, республикæйы адæмты æнгомдзинад фидардæр кæныныл…

Паддзахадон оргæнты бæрнон кусджытæ æмæ национ-культурон центр-
ты уæнгтæ рæгъмæ рахастой алы адæмыхæттытæ æмæ динты минæвæртты ’хсæн национ фидыд æмæ хæлардзинад хъомысджындæр кæныны, мадæлон æвзæгтæ æмæ культурæйы удварны хæзнатæ хъахъхъæныны фарстатæ. Раныхасгæнджытæй алкæмæндæр уыд йæ фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ зæгъыны, йæ фæлтæрддзинадæй фæхай кæныны фадат.

Уыцы æмбырды Цомайты Валери Цæгат Ирыстоны Парламенты Арфæйы фыстæг сæмбæлын кодта Татарстаны Паддзахадон Советы Сæрдар Фарид Мухаметшиныл.

«Тæтæры республикæйы Паддзахадон Советы депутаттæн бузныг зæгъын, регионы цæрæг ирæттыл алкæддæр кæй баузæлынц, æппæтвæрсыг æххуыс сын кæй кæнынц, уый тыххæй. Махæн алкæддæр зæрдылдаргæ у, нæ дыууæ регионы ’хсæн ахастдзинæдты бындур хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинад кæй сты, уый. Ныфс мæ ис, Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Татарстаны республикæты бастдзинæдтæ фидæны уæрæхдæр æмæ æнгомдæр кæй кæндзысты, уымæй», – загъд ис, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз цы фыстæг бафыста, уым.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here