Ирыстонæй – Татарстанмæ: иу бинонтау æнгом…

0
75

Не ’мтуг адæмæн Уæрæсейы алы регионты цы æхсæнадон иугæндтæ ис, уыдонæй иу у Тæтæры республикæйы ирон национ-культурон центр «Ирыстон». Æмæ кæд организацион æгъдауæй «Ирыстон» нырма æрæджы райдыдта кусын (бындур ын æвæрд æрцыд ацы аз), уæддæр йæ уæнгты архайд зынгæ у республикæйы царды. Хъазан æмæ регионы иннæ районты цæрæг ирæттæ аккаг бавæрæн хæссынц республикæйы райрæзтмæ, зæрдиагæй архайынц æхсæнады царды, иппæрд не сты ахадгæ культурон, хæрзаудæн æмæ æндæр ахæм дзыллон мадзæлттæй дæр…

Гуманитарон æрвыстæгтæ – сæрмагонд
æфсæддон операцийы тæлммæ

«Ирыстон»-ы уæнгтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй нырмæ къæрцхъус сты, Фыдыбæстæйы сабырдзинад æмæ æдасдзинады сæраппонд тохы чи балæууыд, уыцы службæгæнджытæ æмæ бархионтæн æххуысы фарс-
татæм.

Мæнæ та ныр дæр национ-культурон центр «Ирыстон»-ы уæнгтæ сæ сæрдар Цомайты Валерийы разамындæй архайдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ гуманитарон æххуыс æрвитыны акцийы.

Цомайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, сæ хъарутæ æрбамбырд кодтой иугонд «Бирлик» æмæ æндæр æхсæнадон организациты минæвæрттимæ æмæ сарæзтой, абоны онг æмбал кæмæн нæма уыд, ахæм дзыллон акци. Цыбыр рæстæгмæ сæ къухы бафтыд гуманитарон уæзæгтæ æмæ арæзтадон æрмæджыты 100 тоннæйы самал кæнын.

Нысангонд бон гуманитарон æххуыс бавгæдтой уæззау хæдтулгæты æмæ йæ сæмбæлын кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы. Хойраджы продукттæ æмæ иннæ гуманитарон æрвыстæгтæй барухс кодтой бынæттон цæрджытæ æмæ æфсæддонты зæрдæтæ. Уыимæ, æрвыст арæзтадон æрмæджытæй та пайдагонд æрцæудзæн Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты 29-æм æфсадæн госпитæл саразыны
хъуыддаджы. «Нæ фадæттæ куыд амоной, афтæ дарддæр дæр æппæтвæрсыг æххуыс кæндзыстæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн», – уымæй зæрдæ æвæрынц акцийы архайджытæ.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here