Дзæуджыхъæуы Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты ацыд «Мах бахъахъхъæдтам нæ Фыдыбæстæ», зæгъгæ, уыцы чиныджы презентаци. Уый дунейы рухс федта Цытджын Уæлахизы 80 азы нæ республикæйы бæрæг кæныны мадзæлтты фæлгæты. Чиныгмæ бахаудтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг знаджы ныхмæ карз тохы йæ цард чи рауæлдай кодта, уыцы æрыгон поэттæ, фысджытæ æмæ журналистты уацхъуыдтæ.
Уыцы æвзонг хъæбатыртæ схъомыл сты, байрæзыдысты Ирыстоны хохаг æмæ быдираг хъæуты, Дзæуджыхъæуы, уыдысты алы адæмыхæттыты минæвæрттæ – колхозонтæ, зæхкусджытæ æмæ ахуыргæндтæ, интеллигенттæ, паддзахы æфсад æмæ сырх революционерты байзæддæгтæ, горæттæ æмæ хъæуты скъолаты, рабфак-
тæ æмæ педагогон институтты студенттæ, æфсæддон училищæты курсанттæ, æфсæддон академиты ахуырдзаутæ.
Се ’хсæн уыдысты, куыд фæлтæрдджын фысджытæ, редакциты кусджытæ, профессион æфсæддонтæ, зноны скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, алыхуызон æфсæдты службæгæнæг æфсæддонтæ, афтæ литературон сфæлдыстады фыццаг къахдзæфтæ чи фæлвæрдта, ахæм æрыгон адæймæгтæ дæр.
Уыдон се ’ппæты дæр иу кодта сфæлдыстадон цæхæр æмæ райгуырæн
бæстæмæ уарзондзинад.
Чиныг бацæттæ кодта авторты коллектив, йæ сæргъы – нæ республикæйы Архивты службæйы разамонæг Хайманты Барис, афтæмæй. Йемæ ма уыдысты йæ хæдивæг Дзуццаты Марианнæ, фæллойы ветеран, æхсæнадон организациты разæнгардæй архайæг Хъыбызты Маркленæ æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студент, нæ республикæйы Архивты службæйы æфсæддон историйы центры разамонæг, 2025 азы Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы лауреат, чиныг «Советон хъæбатыр»-ы автор Мырыкаты Артемий.
Сæ арфæйаг, хъомысджын æмæ тынг хъæугæ куысты фæдыл бирæ зæрдæбын арфæтæ райстой авторты къорды уæнгтæ. Дунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы сæрдар Фриаты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй кæдæй-уæдæй фæзынд нæ зынгхуыст курдиатджын литераторты сфæлдыстадон æмæ хæстон хабæртты тыххæй чиныг.
«Стыр бæрнондзинад равдыстой чиныджы автортæ, нæ бацауæрстой сæ хъарутыл, æрмæг ын æмбырд кæнгæйæ», – бахахх кодта йæ раныхасы Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар, Уæрæсейы Федераци æмæ нæ республикæйы культурæйы сгуыхт архайæг Хозиты Барис. Уый ма фехъусын кодта æхсызгон хабар дæр – чиныг «Хорзæй баззай, Ир» ныр бакæсæн уыдзæн уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй дæр, уыцы ахсджиаг куыст цæстуарзонæй бакодтой зындгонд мæскуыйаг поэттæ. Барис ма æрхаста ахæм нымæцтæ дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг фронтмæ ацыдысты 120 ирыстойнаг фыссæг æмæ поэты, 60 нал сыздæхтысты фæстæмæ.
Презентацийы ма раныхас кодтой архивты хъуыддæгты фæдыл Ирыстоны Сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Тебиаты Еленæ, зынгхуыст поэттæ Къибирты Тазæреты æфсымæры фырт, Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг Къибирты Амырхан æмæ Бузойты Кермены æфсымæр Бузойты Артем, зæрдæмæхъаргæ йæхи æмдзæвгæ бакасти Кæсæг-Балхъары Республикæйæ горæт Нарткалайы чиныгдоны кусæг поэтессæ Светланæ Жерукова.
Чиныг «Мах бахъахъхъæдтам Фыдыбæстæ»-йы ныхас цæуы 30 зынгхуыст поэт æмæ фыссæгыл, се ’мдзæвгæтæ сын залы бадæг адæмы раз кастысты Дзæуджыхъæуы Аланты гимназийы ахуырдзаутæ дæр. Сæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй æрмæг презентаци амонæг Мырыкаты Артемий равдыста уæрæх экраныл дæр. Се-
къинаты Майя йæ мадæлон æвзагыл акодта Расул Гамзатовы ныхæстыл фыст зарæг «Журавли».
Мидисджын мадзал рауад, дызæрдыггаг нæу, йæ архайджытæ æмæ йæ уазджытæ дæр бирæ рæстæг сæ зæрдæтыл кæй бадардзысты, уый.
Хæмыцаты Морис, къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА














