Зымæгмæ цæттæдзинад

0
132

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Министртæ, ведомствæтæ æмæ районты разамонджытæ ныхас кодтой зымæгмæ хъармгæнæн системæйы цæттæдзинад æмæ æндæр лыггæнинаг фарстатыл.

Ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнты тыххæй доклад бакаст Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæйы оперативон уавæр у нывыл.

– 27 октябрæй – 4 ноябрмæ республикæйы æрцыд 20 зынгсирвæзты. Уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæрты. Зынгсирвæзтыты хъыгдард ничи баййæфта. Транспорты æппæт хуызтæн дæр фадат ис Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл ацæуынæн. Арвыкомы фæндагыл ацæуынмæ æнхъæлмæ кæсынц 1150 автотранспортон иуæджы, уыдонæй 860 – сæрмагонд бынæтты. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтысты 28480 автотранспортон иуæджы æмæ 74370 адæймагæй фылдæр, – загъта Томайты Ирбег.

Сергей Меняйло республикæйы Мидхъуыддæгты министрадæн бахæс кодта, электронон рады æмæ республикæйы фæндæгтыл цы транзитон транспорт лæууы, уыдоны нымæц сбæрæг кæнын. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, бæрæггæнæнтæ, чи зоны, æмæ раст не сты.

Хицауады аппаратон æмбырды ма ныхас цыд зымæгмæ цæттæ-дзинадыл дæр. Горæты уынгтæ æфснайæн техникæ зымæгмæ цæттæ кæй у, уый тыххæй
фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Дарддæр ма фæбæрæг кодта, уæлæмхасæн ма 5
æфснайæн техникон иуæджы кæй райстой, уый. Фæндæгтыл мит æмæ бырынцъаджы ныхмæ цы цæхх æмæ змисы змæст калдзыс-ты, уый дæр æнæхъæн зымæгваг уыдзæн.

Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы разамонæгæн бафæдзæхста æппæт æфснайæн техникæ дæр Сæрибары фæзы æрæвæрын, цæмæй йæ цæрджытæ уыной æмæ зоной, цæттæ сты æви нæ.

Дзæуджыхъæуы разамонæг ма фехъусын кодта, горæты трамвайтыл  ног 20 вагоны кæй бафтыд, уый, фæлæ 4-æм электрон подстанцæ кæй нæ кусы, уый аххосæй сæ бон линимæ рацæуын нæу.

Куыд зонæм, афтæмæй уый аххосæй трамвайтæ рæстæгмæ нал цæуынц ОЗАТЭ æмæ Доны станцæмæ. Уыцы ран ис бирæ куыстуæттæ, зæгъæм, «Мыхуыры хæдзар», «Хъæбысхæсты академи» æмæ афтæ дарддæр. Уыдон иууылдæр тыхсынц, транспорт фаг кæй нæ цæуы, ууыл.

«Аланияэнергосеть» зæрдæ бавæрдта, 12 ноябрмæ подстанцæ æппæт тыхтæй дæр кæй скусдзæн, уымæй.

Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд  къуырийы дæргъы æрцыд 107 фæндагон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 22 адæймаджы, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындæттæм аластой.

Республикæйы скъолаты иумæ-йаг паддзахадон фæлварæнтæм цæттæгæнæн мадзæлттæ кæй райдыдтой, уый тыххæй Хицауады æмбырды фехъусын кодта РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.

– 3387 ахуырдзауы ныффыс-дзысты хатдзæггæнæн нывæцæн. Уый сын бар ратдзæн иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттынæн, – загъта министр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ОРВИ-йы аххосæй Дзæуджыхъæуы карантины æхгæд æрцыд иу рæвдауæндон.

Аппаратон æмбырды республикæйы Сæргълæууæг арфæ ракодта Митциты Астанæн, Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй нысангонд кæй æрцыд, уый фæдыл, æмæ йын бахæс кодта æрзилын республикæйы медицинон уагдæттыл æмæ сын сæ уавæртæ сбæрæг кæнын. Бæлвырддæрæй ныхас цыд Фиййаджыбылы пульмонологон æххуысы республикон центрыл.

Ноджы ма Сергей Меняйло районты разамонджытæн бафæдзæхста æнæхицау куыйты
фарстамæ фылдæр æргом аздахын æмæ, тагъд саразæн кæмæн ис, ахæм модулон бынæттæ сын бацæттæ кæнын.

Ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here