Арфæ

0
84

Нæ зынаргъ æмбæстонтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Цытджын Октябры социалистон революцийы бæрæгбоны фæдыл! Ныхас дæр ыл нæй – уый уыди советон дуджы сæйрагдæр бæрæгбон, революцион ивддзинæдты ирд нысаниуæг, уæд сæххæст сты адæмты æнусон бæллицтæ, абон дæр сæрыстыр стæм уыцы æнæферохгæнгæ цаутæй.

1917 азы 7 ноябры ног царды райдайæны тыххæй æнæхъæн дунейыл фехъусын кодта крейсер «Аврорæ»-йы сармадзаны æхст.

Дунейы мидæг социалистон революци цæхгæр фендæрхуызон кодта Зæххы къорийы цæрджыты цардыуаг. Капитализмы цагъайрадæй фервæзгæйæ, парахат гæнæнтæ ратта фæллойгæнджытæн сæ цард аккаг хуызы аразынæн. Уæдæй фæстæмæ дзырдтæ «кусæг», «зæхгуыстгæнæг» систы уæлдай кадджындæр æмæ ахадгæдæр. Дунейы алы кæрæттæм хъуысын  райдыдтой  «Сабырдзинад – адæмтæн!», «Дзул – æххормæгтæн», «Зæхх – зæхкусджытæн!» «Фабрикæтæ – кусджытæн!», «Хицаудзинад – Советтæн!» æмæ æндæр сидтытæ.

Уæззау фæлварæнты сæрты бахъуыди ахизын Уæрæсейы, цæмæй уыцы диссаджы æнтыст йæ къухы бафтыдаид. Революци чи сарæзта, уыдоны фæндыди сæ
Фыдыбæстæ ахуыргонд, тыхджын, хъæздыг æмæ рæстдзинадыл аудæгæй фенын. Æмæ сын уый æнтысгæ дæр бакодта.

Фыццаг дунеон хæстæн нæ дзуапп уыди «Сабырдзинады декрет»-æй, фæсарæйнаг интервенцийæн та – Сырх гвардийы æфсæдтæй, æххормаг æмæ заууат рæстæгæн – сыгъзæрин советон туманæй. Фашистты æрбабырстæн та аккаг дзуапп раттам советон адæмы æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдтæ æмæ рейхстаджы сæрмæ Сырх тырысайæ.

Дунейы мидæг фыццагдæр мах æрæвæрдтам сабыр атомы тых адæмон хæдзарадæн лæггад кæнынæн, фыццагдæр мах арвыстам уæларвон тыгъдадмæ спутник, фæстæдæр та – адæймаджы, нæ ахуырад æмæ медицинæйæн дунейы мидæг нæ уыди æмбал, бæллиццаг æнтыстытæ æфтыдысты нæ культурæйы архайджытæ æмæ
спортсменты къухы.

Нæ иудзинад, хъару æмæ адæмты хæлардзинадæй дисы æфтыдтам дуне.

Æмгуыстад æмæ æфсымæрдзинад, фæллойгæнæг адæмы сæрибар цард абон дæр рохуаты не сты, æнæ уыдонæй рæстдзинады уагыл æхсæнад нæй саразæн. Нæй рохгæнæн нæ истори, нæ хистæрты хæстон  æмæ фæллойадон сгуыхтдзинæдтæ.

Уыдæттæ хынцгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон парти фæндон
бахаста Паддзахадон Думæмæ, цæмæй та 7 ноябрь алы аз дæр бæрæг кæной, раздæр куыд уыди, афтæ, куыд уæрæсейаг адæмы историон бындуры ахсджиаг хай. Уырны нæ – уый феххуыс уыдзæн нæ рæзгæ фæлтæрæн сæ дарддæры царды раст фæндаг равзарынæн.

 

Еленæ Князева, Цæгат Ирыстоны Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ
æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here