Национ проекттæ æмæ æндæр федералон программæты фæрцы…

0
73

Цæгат Ирыстон дарддæр дæр ахадгæ куыст кæны фыццаградон национ проекттæ æххæст кæныныл. Афтæ, æрмæст ацы азы дæргъы национ проект «Дæргъвæтин æмæ зæрдæзæгъгæ цард»-ы уагæвæрды бындурыл республикæйы медицинон кусæндæттæн æлхæд æрцыд вазыгджын техникæйы 50 иуæгмæ ’ввахс.

Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады
министрады пресс-службæ.

Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, ног медицинон техникæйы фæрцы тыхст æмæ æххуысхъуаг адæмы уавæр бæстондæр иртæст цæуы. Уыцы æу-уæл та фадат дæтты, цæмæй рынчынæн нысангонд æрцæуой растдæр æмæ пайдайагдæр дзæбæхкæныны фæрæзтæ.

Æмткæй райсгæйæ, национ проекттæ æмæ æндæр нысанмæарæзт федералон программæты архайды фæрцы Цæгат Ирыстон фæстаг цалдæр азы дæргъы республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы кусæндæттæн самал кодта медицинон техникæйы 300 иуæгæй фылдæр.

Уыцы бæрæггæнæнтыл дзургæйæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахсджиаг у, ног техникæйæ раст куыд пайдагæнгæ у, уый фæдыл дохтыртæ æмæ иннæ медицинон кусджытæн ахуыртæ афойнадыл арæзт кæй цæуынц, уый дæр. «Ахæм фæткыл дарддæр дæр куыст цæудзæн нæ рынчындæттæ, поликлиникæтæ, амбулаторитæ æмæ фелсырон-акушерон пункттæ хъæугæ нырыккон медицинон техникæйæ ифтонг кæныныл», – бафиппайдта регионы Сæргълæууæг.

Дмитрий АСТАХОВ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here