Красноярскæй Ирыстонмæ арæх ссæуы Юрий Барбашов, æмæ, газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ ма ’рбацæуа, уымæн гæнæн нæ вæййы. Уым кусы йæ хорз хистæр хæлар Баскаты Уырызмæг. Базонгæ сты спортивон ерысты сыбираг горæты.
Баскайы-фырт куыд радзырдта, афтæмæй йæ ерысты фæстæ Красно-ярскы телеуынынадмæ равдыстмæ фæхуыдтой æмæ сæм уым, комкоммæ эфиры ныхасгæнгæйæ, телефонæй æрбадзырдта иу нæлгоймаг.
– Ис мæм фарст Баскайы-фыртмæ. Фе-хъуыстай хъайтар Петр Барбашовы тыххæй? – бафарста уый. Баскаты Уырызмæг Петры коймæ æваст йæ мидбынаты фестад.
– Ау, уый та куыд, нæ республикæйы Петр Барбашовы хъæбатыр
сгуыхтдзинад, скъоладзаутæй райдай æмæ хистæртæй фæу – се ‘ппæт дæр зонынц, – дзуапп ратта ирыстойнаг.
– Æз дæн Петры кæстæр æфсымæр Леонтийы фырт Юрий, – райхъуыстис хæтæлы иннæ кæрон. Равдысты фæстæ фембæлдысты Юрий æмæ Баскайы-фырт, æмæ уæдæй фæстæмæ се ‘хсæн стыр хæлардзинад сырæзт. Юрий Ирыстонмæ фылдæр хатт æрцæуы 9 Майы Уæлахизы мадзæлттæм. Бабæрæг кæны йæ фыды æфсымæры кадджын æфсымæры ингæн æмæ йыл дидинджытæ сæвæры. Радон хатт нæм редакцимæ куы ‘рбацыд, уæд йемæ зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас фæкодтам. Æмæ нын радзырдта Петры тыххæй цымыдисаг хабар.
– Нæ бинонтæ цардыс-ты Сыбыры рæбинагдæр хъæутæй иу – Стыр Сюганы. Уым райгуырдысты мæ фыды æфсымæртæ æмæ хотæ. Цардысты тынг мæгуыр уавæрты. Скъоламæ та цыдысты цалдæр километры дæрддзæфæй. Æппæт сывæллæттæй Петр уыдис ахуыры рдæм здæхт. Тынг уарзта чингуытæ кæсын. Уыцы рæстæг чиныг дæр æнцонтæй не ‘фтыд къухы. Æмæ, хъæуы «изба-читальня» куы байгом, уæд дзы сæргълæууæгæй куыста. Йе ‘ккой уæззау уæргътæ æвгæдта порты наутæм дæр, куыста колхозы. Æдæппæтæй фæцард 21 азы æмæ уыцы азтæй хорзæй ницы федта, хъизæмайраг тухæнтæй уæлдай. Йæ ныййарджытæн дыккаг сывæллон уыд æмæ дæллаг галау «хуым» кодта. Йæ фыд Леонтийы мысинæгтæ сты ацы хабæрттæ иууылдæр. Уый йын дзырдта Петры цардвæндаджы тыххæй. Скъолайы æхсæз къласæй фылдæр нæ фæци каст. Нæ йын уыд фадæттæ ахуырæн. 1939 азы Петрмæ Советон Æфсадмæ фæсидтысты. Никуы фехъуыста Ирыстоны кой, цы ран ис, Кавказ цы хуызæн у, уый. Фæлæ сæ йæ фыны федта. Куыд дзырдта йæ хойæн, афтæмæй фестад Кавказы урс хæхты сæрмæ. Бæрзонд цъуппæй дæлæмæ каст æмæ уыдта, сау стыр сынтытæ куыд зилдух кæнынц цавæрдæр хъæуы сæрмæ, уый. Бынæй та лæууыд йæ ныййарæг мад æмæ куыдта. Фæлæ цæссыгты бæсты йæ цæстытæй туджы сырх æртæхтæ калдысты.
Райдыдта Фыдыбæс-тæйы Стыр хæст, æмæ Петр Барбашов æрвыст æрцыд Цæгат Кавказы горæт Орджоникидзейы НКВД-йы мидæфсæдты дивизийы 34-æм мотоæхсæг полкъмæ. Ам йæ хæстон æмбæлттæй æппæты хæлардæр уыд
Гуæздæрты Бимболатимæ. Бирæ хæттыты-иу уыдис уазæгуаты сæ хæдзары дæр. Петры зæрдæмæ тынг фæцыдис сæ чызг Фатимæ, фæлæ йæм уæлдай хатт сдзурын никуы бауæндыд. Фæстаг хатт ма Гуæздæртæм куы уыд, уæд Фатимæ къухмæрзæн Петры къухы бакодта æмæ йын загъта, сæрæгасæй æрыздæхут, зæгъгæ. Фæлæ Гуæздæрты лæппу дæр æмæ Петр дæр фæмард сты Джызæлы сæрмæ карз тохы, – дзырдта Юрий.
1942 азы 9 ноябры, Дзæуджыхъæуы бынмæ цы карз тугкалæн хæст æрцыд, уым стыр æнæмæлгæ сгуыхтдзинад равдыста 34-æм полчъы автоматчикты командæгæнæг Петр Барбашов. Немыцаг фашисттæн хæслæвæрд уыд Кавказы нефты
гуырæнтæ бацахсын æмæ Ираны арæнмæ рахизын. Кæд знаджы къордтæ «Группа-А», сæ командæгæнæг инæлар-фельд-маршал Эвальд фон Клейстимæ, тыхджын уыдысты, уæддæр советон хæстонтæ нæ бауагътой знагæн йæ фæнд сæххæст кæнын. Карз тохмæ уыцы рæстæг бæлвырд сæ хъус дардтой канд Мæскуыйы нæ, фæлæ Лондоны дæр. Черчилль иудадзыг Сталины фарста уавæры тыххæй. Сырх æфсады хæстонтæ цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый æнустæм зæрдылдарæн цау ссис. Знаг бацахста бæрзонд къуыбырыл фæлгæсæн бынат æмæ уырдыгæй дæлæмæ пулеметæй «карста» сырхæфсæддонты. Петрæн йæ къах фæцæф, уæддæр йæ гуыбыныл сбырыд знаджы фæлгæсæн бынатмæ, баппæрста сыл дыууæ гранаты æмæ знаг ныхъхъус, стæй та фæстæмæ пулемет æхсын райдыдта. Уæд Петр фестад æмæ йæхи фехста немыцаг дзоты амбразурæйыл. Йе ‘мбæлттæ ма бæргæ бахæццæ сты йæ размæ, фæлæ байрæджы – хъæбатыр лæппу фæмард. Афтæмæй немыцæн сæ фæлгæсæн «лæгæт» бамыр, æмæ сырхæфсæддонтæ размæ абырстой. Уый адæймаг дзургæйæ уый бæрц не ‘мбары, сæрызонд æй нæ ахсы, цавæр хъæбатырдзинад, ныфс æмæ хъару хъуыдис ахæм сгуыхтдзинад равдисынæн, уый. Уæвгæ, Петры полчъы иууылдæр æрыгон лæппутæ уыдыс-ты, НКВД-йы скъолайы курсанттæ. Зæрдæ риуы бампылы, сæ мыггæгтæ æмæ сын сæ райгуырæн бонты азтæ адæймаг куы фæкæсы, уæд. Ацы фæлтæр æппындæр царды хорздзинæдтæй ницы федтой, удхæрттæй дарддæр, фæлæ, сæ хъысмæт цас уæззаудæр уыд, уый бæрц сæ æрыгон зæрдæтæ та Фыдыбæстæмæ уарзондзинадæй уыдысты дзаг. Петр Барбашовæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном йæ амæлæты фæстæ.
Джызæлы сæрмæ та йын 1983 азы сæвæрдтой егъау цыртдзæвæн, йæ автортæ уыдысты скульптортæ Тотиты Барис æмæ Ходы Никола.
Саутæты Тамилæ














