Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты 21-æм номыры цы хæдзар æрбынæттон, уый хаст æрцыд культурæйы удварны объектты (истори æмæ культурæйы цыртдзæвæнты) иумæйаг паддзахадон реестрмæ.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Культурæйы удварны объект-тæ хъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныны комитеты пресс-службæ.
Агуыридурæй амад 2-уæладзыгон бæстыхай Дзæуджыхъæуы сæйраг уынджы фæзынд 1898 азы. Йæ фыццаг хицау уыд базаргæнæг амалхъом Эммануил Демокидов,
фæстæдæр хæдзар ныу-уагъта йæ байзæддæгтæн. Октябры революцийы
агъоммæ бæстыхайы сæ куыст кодтой, уæлæдарæс æмæ æндæр товартæ кæм уæй кодтой, ахæм дуканитæ, стæй алыхуызон лæггæдты æрмадзтæ, хилдасæн æмæ афтек. Иу афон дзы байгом кодтой фысымуат «Компанейская» дæр.
Советон хицаудзинад куы æрфидар, уæдæй фæстæмæ ацы хæдзары цардысты æхсæнад æмæ культурæйы зындгонд архайджытæ. Зæгъæм, 1920 азæй 1939 азы онг уыд революцийы архайæг æмæ поэт Абайты Шамилы цæрæн бынат. Иуцасдæр
рæстæг дзы цардысты Советон хицаудзинадыл тохы архайæг Хоранты Тотырбег æмæ фыссæг Дзаттиаты Тотырбег.
Советон азты дзæвгар рæстæг агъуыс-ты фыццаг уæладзы-джы куыста кинотеатр «Фæскомцæдисон»-ы чысыл зал.
Дмитрий АСТАХОВ














