Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы уыд алы динты удварны хæзнатимæ баст фæсивæдон форум. Йæ саразыны хъæппæрис равдыстой Хетæгкаты Къостайы номхæссæг паддзахадон университет, Пысылмон диныл хæст адæмы цæгатирыс-тойнаг управлени, Пысылмон культурæйæн, наукæ æмæ ахуырадæн æххуысы фонд.
Форумы архайджытæм фæсидт РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый фæбæрæг кодта хъуыддаджы ахсджиагдзинад, цы фарстатыл æрдзурынмæ хъавынц, уыдоны ахадындзинад. «Цæгат Ирыстоны æнусты дæргъы кæрæдзи фарсмæ цæрынц, фæллой кæнынц сæдæ адæмыхатты бæрц. Уæдæй се ‘хсæн сæвзæрдысты дзæбæх ахастдзинæдтæ, кæрæдзи æмбарындзинад, кæрæдзийæн баххуысы æууæлтæ. Нæ фæсивæдæн стыр аргъ кæнын, мæ сæр сæ бæрзæндты хæссын, сты сæрæн, къæрцхъус, тынг лæмбынæг алыхуызон вазыгджын фарстатæм. Уыдонæй аразгæ у нæ Фыдыбæстæйы фидæн. Нæ сæйрагдæр хæс у бирæнацион адæмы иудзинад дарддæр адæттын», – загъта Сергей Меняйло.
Куыд радзырдта, афтæмæй куыст цæуы дины алы хуызты нывылдзинадыл, экстремизм ма ‘руадзыныл, терроризмы идеологийы ныхмæ. «Ныртæккæ
архайæм, цæмæй Цæгат Ирыстоны цæрæг адæмыхæттытæн фæзыной этнокультурæйы рæзты фадæттæ. Цæгат Ирыстоны ис 36 национ-культурон центр æмæ æхсæнады. Æппæт уыцы хъуыддæгты стыр ахадындзинад ис дины алы хуызтæн. Форумы дæр ахсджиаг ног хъуыдытæ æмæ фæндæттæ кæй райхъуыс-дзысты, уый мæ уырны. Цæмæй царды фæзыной, ууыл мах бацархайдзыс-тæм», – ахæм уыд Сергей Меняйлойы хатдзæг.
Фæсивæдон форумы архайджытæ дискуссийы хуызы æрдзырдтой фыдæлтыккон традицитæ æрыгæтты ‘хсæн фидар кæныныл, динты алы хуызтæн ныхасы фадæттæ кæныныл, Уæрæсейæн ахсджиаг цы динтæ сты, уыдон бахъахъхъæныныл. Динты алы хуызты удварны фæсивæдон форум амыдтой Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Герасим, Цæгат Ирыстоны муфти Гуæцæлты Хадзымурат. Рæгъмæ рахастой удварны-хæрзæгъдаудзинады, бинонты царды хæзнатæ, стæй æндæр ахсджиаг темæтæ.
Форумы куысты архайдтой федералон инспектор Сергей Гончаров, Хетæгкаты Къостайы номыл университеты ректор Огъуаты Алан, Пысылмон дины культурæйæн, наукæ æмæ ахуырадæн æххуысы фонды разамонæг Михаил Грязнов, æндæр бæрнон адæймæгтæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














