Уæрæсейы Президенты æхсæнадон исæн уатмæ цы ирыстойнаг граждæнтæ æрбацыд, уыдонмæ уыд алыхуызон курдиæттæ: Æрæфы районы æхсæнадон
фæзуæттæ сцалцæг кæнын, Комгæроны скъоламæ бындуронæй базилын, Дзæуджыхъæуы уынгты уæлцъар баивын, хицæн адæймæгты риссагдæр хъуыддæгтæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ.
Исæн уаты семæ фембæлд РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис. Фембæлды ма архайдтой федералон инспектор Сергей Гончаров, бæрнон лæгтæ, районты разамонджытæ. Сырх-Дыгуры хъæуы минæвар рæгъмæ рахаста цæрæн бынаты Ленины уынджы æхсæнадон фæзмæ базилыны фæндон.
Цæрæнуатон-коммуналон ведомствæйы раза-монæг Хъараты Тимур куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй объект йæ равзарыны æппæт къæпхæнтæ дæр ацыд, бахастой йæ «Горæтаг фадатджын алфамбылай»-ы программæмæ. Куыстытæм бавналдзысты 2026 азы апрелы. Хицауады Сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй уыцы архайд тынг ахсджиаг у, æрмæст ацы аз къухы бафтыд 40 æхсæнадон фæзмæ базилын. «Æппæт уыцы хæстæ нын нæ размæ æвæры РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, нæ республикæ бонæй-бонмæ рæсугъддæр, фадатджындæр кæны», – загъта Дзанайы-фырт.
Дзæуджыхъæуы Уруймæгты Езетханы уынджы фæндаджы уæлцъар баивыны тыххæй загъта горæты цæрæг. Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Дзоблаты Зурабы дзуапмæ гæсгæ, æппæт ахæм
куыстытæ конд цæудзысты «Дзæуджыхъæуы транспортон инфраструктурæ»-йы муниципалон программæмæ гæсгæ. Куыстытæ райдайдзысты иннæ аз.
Комгæроны скъолайы бындурон цалцæг райдайдзæн национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-мæ гæсгæ. Нысантæн лæвæрд æрцæудзæн 60 милуан сомы бæрц. Ныртæккæ скъолайы ахуыр кæнынц 120 сывæллоны. Уæззау царды уавæрты бахауæг адæм куырдтой материалон æмæ медицинон æххуыс, хъæугæ стæм хостæ райсыны фарстатæ дæр æвзæрст æрцыдысты. Алы адæймаг дæр бæлвырд дзуапп райста.
Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй сæхицæн хæсыл нымайынц граждæнты риссагдæр фарстатæ лыг кæнын, алывæрсыг æххуыс сын кæнын.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














