Дыууæ фыссæджы – дыууæ хæлары

0
40

«Рæстдзинад»-æн тынг бирæ æнæштатон уацхæсджытæ уыд. Зивæг дæр нæ кодтой сæ районты хабæрттыл зилынмæ. Арæх хастой æрмæджытæ, æмæ-иу сæ мыггæгтæ газеты куы федтой, уæд-иу сæ сæрыстырдзинад кæуылты уыдис!

Хъыгагæн дзы бирæтæ се ‘нусон дунемæ ацыдысты. Уыдонæй иу уыд джызæйлаг Пагæты Хъазыбег. Иу хатт æрбацыд æмæ йæ дзыппæй систа, рæстæджы цыдимæ чи ныббур, ахæм къам.

«Дадианаты Мæхæмæт æмæ Владимир Икскуль», – загъта Хъазыбег. Икскулы кой фехъуыстон, 90-æм азты режиссер Джусойты Мурат киноныв «Легенда горы Тбау» куы иста, уæд. Уацмысы автор та у Владимир Икскуль. Æз нæ республикæйы Архивон службæмæ ацыдтæн, кæд дзы исты бæрæггæнæнтæ ссарин, зæгъгæ, фæлæ мæ къухы ницы бафтыд. Телефонæй адзырдтон горæт Ярославлы цæрæг, наукон иртасæг Дадианаты Тамарæмæ, æмæ мын уый радзырдта ацы хабæрттæ.

Немыцаг фыссæг Барон Вольдемар фон Икскуль райгуырд 1860 азы Эстонийы Эстляндийы губернийы. Хъæздыг лæджы фырт уыдис æмæ хъуагдзинад ницæмæй æййæфта. Йæ сабибонты Вольдемар тынг уарзта литературæ. Фæлвæрдта æмдзæвгæтæ фыссын. Йæ ныййарджытæ æнхъæл нæ уыдысты, фыссæг суыдзæн, уымæн. Дыууадæсаздзыдæй йæ раттой ахуырмæ горæт Ревелы æфсæддон училищæмæ, уырдыгæй аивта Аренсбургы гимназмæ, стæй бацыд службæ кæнынмæ
Бетъырбухы бæхджын полкъмæ. Æфсæддон афицер йæ цард æрвыста фылдæр хиирхæфсæн бынæтты. Зыдта цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы. Уæрæсейы йæ хуыдтой Владимир Яковы фырт. 1882 азы Вольдемар æфсадæй бынтондæр ацыд. Бакодта бинонты хъуыддаг, рухс дунемæ сын рантыст чызг æмæ лæппу. Бинонтæй авд азы фæцардысты, стæй рахицæн сты. Сылгоймаг йæ сывæллæтты сæ фыдæй раиуварс кодта æмæ сæ Францмæ аласта. Уый стыр маст уыдис Вольдемарæн, æмæ дины куысты ныллæууыд. Цыбыр рæстæгмæ дины уæлдæр къæпхæнмæ схызтис, Хуыцауы дзырд адæммæ хаста. Афтæ йын æнтыстис ацы ран, æмæ йæ алы горæттæм хуыдтой. 1905 азы Лондоны дины фæдыл цы егъау конгресс арæзт æрцыд, уырдыгæй йæ Америкæмæ фæхуыдтой. Икскуль ацы балцы рæстæг базонгæ ирон лæппутæ – джызæйлæгтæ Дадианаты Темыр, Габоци æмæ Полкаимæ, уыдон куыстагур цыдысты Америкæмæ.

Сæ базонгæдзинады цау дæр тынг цымыдисаг рауад. Фурды сæрты хизгæйæ, науы цы бæлццæттæ бадтис, уым иу зæронд лæгмæ бынат нал æрхауд, æмæ йын Дадианаты лæппутæ бынат раттой. Ацы хъуыддаг Икскулмæ диссаг фæкаст. Не ‘мбæрс-та, ахæм дард фæндагыл лæугæйæ фæцæуынæн цавæр хъару
хъуыдис, уый. Уыцы рæстæг фурды тыхджын дымгæ сыстад, нау фæхъыгдард ис, æмæ дон палубæмæ ныссæххæтт кодта. Бæлццæттæ тарст уавæры нал æмбæрстой, цы кæнгæ у, уый, æмæ бæстæ цъиувæдис ссис. Адæмы цъæхахст æмæ кæуын дæрддыл зæлыдысты. Дадианаты æфсымæртæ сæ нымæттæ феппæрстой æмæ сæ нытътъыстой, дон кæцæй калдис, уыцы саст ран. Доныкалд фенцад, æмæ нау цалцæг кæнынмæ бавнæлдтой. Лæппуты хъæбатырдзинад Вольдемары зæрдæ бацагайдта – ахæм ныфсхаст æмæ хъæддыхдзинад никуыма федта. Бафæндыд æй семæ базонгæ уæвын. Схæлар сты. Америкæйы Икскулæн цардис бонджын хæстæг, æмæ йæм бахатыд, цæмæй йын йæ ног ирон хæлæрттæн куыст ссардтаид. Полка æмæ Темыр сæ фыдыфсымæр Дадианаты Мæхæмæтмæ Джызæлмæ фыстой, цæмæй базонгæ уа Икскулимæ æмæ йын сæ бæсты бузныджы ныхæстæ зæгъа, куыстæй сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Мæхæмæт Берлинмæ фыстæг Икскулмæ арвыста æмæ йæ
æрхуыдта Джызæлмæ.

Вольдемар Ирыстонмæ куы æрцыд, уæд æй æрмæст Дадианатæ нæ, фæлæ æгас хъæу дæр сбуц кодтой. Дадианаты Гæдæра Джызæлы кадджын æмæ уæздан лæг уыд. Уыдис ын фондз фырты: Дрис, Габоци, Хъазантемыр, Мæхæмæт, Алыксандр æмæ æртæ чызджы: Дзги, Маря æмæ Надя. Уыдонæй Мæхæмæт хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Дзæуджыхъæуы Николаевы училищæмæ, стæй та – Тифлисы æфсæддон училищæмæ. 1906 азы йын саккаг кодтой подпоручикы цин, æмæ æрвыст æрцыд Махачкалайы Авайраг батальонмæ дарддæр службæ кæнынмæ. Æртæ азы фæстæ та ссис поручик. Николаевы училищæйы ма куы ахуыр кодта, уæд фыста
æмдзæвгæтæ, прозаикон уацмыс-тæ æмæ драмæтæ ирон æвзагыл. Æфсæддон службæйы рæстæг дæр йæ сфæлдыстадон куыст нæ уагъта. Уыцы рæстæг ныффыс-та «Туджы фынг», «Фидиуæг», «Уæцъæф» æмæ æндæр уацмыс-тæ. 1910 азы  Мæхæмæты аивтой Очаковы полкъмæ. Уым службæ кодта 1914 азы онг. Фыццаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд йæ полкъимæ фронтмæ ацыд. Йæ къухфыстытæ æмæ дзаумæттæ йæ зонгæ афицермæ ныууагъта, уый та йын сæ йæ хæдзармæ сæрвыста. «Йæ къухфыстытæ йын нæ хо Хъараты Надя ахаста. Уый куыста Æрыдоны гимназы ахуыргæнæгæй. Хъаратæ фæстæдæр Дзæуджыхъæумæ ралыгъдысты. Надя амард, къухфыстытæ та Епхиты Тæтæри æмæ Дзанайты Иван ахастой. Се ‘рдæг ма наукон-иртасæн институтмæ бафтыдысты, фæлæ се ‘ннæ æрдæг фесæфт», – фыста Мæхæмæты ‘фсымæр Алыксандр.

Мæхæмæт æмæ Вольдемар Икскулы зонгæдзинад стыр æфсымæрон хæлар ахастытæм сырæзт. Мæхæмæт дзы ссæдз азы кæстæр уыд, æмæ йын хистæры лæггæдтæ фæкодта. Сæ амæлæты бонмæ дæр кæрæдзийы никуы фæкодтой рох, кæмфæнды куы уыдаиккой, уæддæр. Мæхæмæт арæх бæрæг кодта Вольдемары Берлины. Иу хатт ын йемæ аласта, Икскулы чысыл къамæй кæй скодта, уыцы, æмæ йæ фыд Гæдæрайы портреттæ. Икскуль цалынмæ цардис, уæдмæ дæр Гæдæрайы портрет йæ кусæнуаты къулæй нæ рафтыдта. Мæхæмæты Вольдемар йæхи хъæбулы хуызæн уарзта, æрхъæцмæ йыл нæ хъæцыд. Æрæгмæ-иу куы зындис Мæхæмæт, уæд-иу сагъæсы бацыд, фæлæ зыдта, кæй йæ нæ ферох кодта æмæ рæхджы кæй зындзæнис, уый.

Рæстæг цыд, Мæхæмæтæй та нæ уыд хабар, æмæ 1914 азы Вольдемар фон Икскуль ногæй ссыд Ирыстонмæ. Ацы хатт уазæгуаты уыдис Темырмæ. Фæстæмæ куы аздæхт Берлинмæ, уæд йæ хæдзары ныййæфта Мæхæмæты. Уый хæстмæ цæуыны агъоммæ хæрзбон зæгъынмæ ацыд, йæхи фыды хуызæн кæй уарзта, стыр аргъ цы æцæгæлон хистæрæн кодта, уыцы зæронд лæг Икскулмæ. Цæмæй зыдтой дыууæйæ дæр, фæстаг хатт ма уынынц кæрæдзийы, уый. Мæхæмæт фæмард ис, зæгъгæ, уый куы фехъуыста Вольдемар, уæд йæ зæрдæйы рыст æмæ хъыгæн кæрон нæ уыд. Дадианаты Мæхæмæтимæ се стыр хæлардзинады тыххæй фыстæг ныффыста Байаты Гаппомæ æмæ йæ Дзæуджыхъæумæ сæрвыс-та, цæмæй йæ бынæттон газеты ныммыхуыр кодтаиккой, уымæн. Икскуль фыста: «Хъысмæтæй тынг бузныг дæн, Мæхæмæтыл мæ кæй сæмбæлын кодта. Уымæй уæздандæр, æфсармджындæр кæстæр æз мæ царды никуы зыдтон. Æфсады службæгæнгæйæ, чысыл мызд йеддæмæ нæ иста, фæлæ йын алцæмæндæр куыд фаг кодта, уый диссаг уыд. Йе ‘мбис ын æрвыста йæ хойæн, уый ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы гимназы. Уæдæ мæнмæ дæр афтид къухæй никуы æрцыд, кæд ницы хъуаг уыдтæн, уæддæр. Æз Мæхæмæты фæрцы райдыдтон фыссын. Мæ зæрдæйы мын сфæлдыстады рухс уый ссыгъта. Мæхæмæт архайдта мæ литературон изæрты дæр. Йæхæдæг цы уацмыстæ фыста, уыдонæн мын-иу сæ мидис
радзырдта. Æз æм тынг цымыдисæй хъуыстон. Уый бæрц арф хъуыды сæ æвæрд уыд, æмæ-иу раст цыма уацмысы архайд мæ цæстыты раз цыдис, афтæ-иу æй банкъардтон».

1914 азы Дадианаты Гæдæрайы фырт Мæхæмæт, уырыссаг æфсады афицер, хъæбатырæй фæмард Австро-Венгрийы хæсты. Джызæлы йын Икскуль йæхи хардзæй скæнын кодта цыртдзæвæн. Ацы дыууæ фыссæджы цардыл, сæ хæлардзинадыл бирæ фыссæн ис. Ахæм ахастдзинæдтæ бирæ хатт хæрз æфсымæрты æхсæн дæр нæ вæййы. Цы дуджы цардысты сæ дыууæ дæр, уыдон рæстæджы тар фæлмы аныгъуылдысты, фæлæ сæ ном уæддæр уæлæуыл баззад ирон адæмы историйы.

Вольдемар (Владимир) Икскуль фыццаг хатт Ирыстонмæ куы æрцыд, уæд, йæхи цæстытæй цы федта, стæй цы фехъуыста, уыцы хæххон царды нывтæ æмæ æгъдæутты фæдыл ныффыста уацмыстæ «Святой Илья горы Тбау», «Названные братья», «Абрек», «Долг чести», «Свадьба Райханат», «Имам Гамзат». Икскуль зæрдæбынæй бауарзта Ирыстон, ирон адæмы, йæ зæрдæ йын агайдта, йæхæдæг «музыкалон» кæй хуыдта, уыцы ирон æвзаг. Фæндыдис-иу æй арæхдæр Ирыстонмæ
цæуын, фæлæ дард Берлинæй афтæ æнцон кæм уыд рабалц кæнын, уæлдайдæр Икскулы кары. Бирæтæ немыцаг фыссæджы нæ республикæйы нæ зонынц, фæлæ, Джызæлы хистæр кары адæмы куы бафæрсай, чи уыдис уыцы уазæг, зæгъгæ, уæд дын æнæмæнг радзурдзысты кæддæры цауы тыххæй цымыдисаг хабæрттæ.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here