Ахицæн сты Хетæгкаты Къоста æмæ Æмбалты Цоцкойы райгуырæн бонты мысæн мадзæлттæ. Фæлæ сæ дыууæйы царды нырма бирæ цымыдисаг, æнæзындгонд цаутæ ис. Ахæм хабæрттæ æнусты арфæй уæддæр «скæсынц», уымæн æмæ бамбæхсæн а зæххыл ницæмæн ис.
Баскаты Уырызмæг мын Къоста æмæ Цоцкойы тыххæй дыууæ цауы радзырдта.
– Гыццыл лæппу уыдтæн, афтæмæй-иу нæ сыхы хистæртæ Тлатты Дрис, Лекъты Дзыбына æмæ Лыкка, мæ фыд Баскаты Бибола æмæ Зембатты Хъырым, Ныхасы бадгæйæ, дзырдтой: «Хъуыды ма кæнут, Хоранты Созырыхъо нæ Даргъ-Къохмæ йемæ куы акодта, уыцы хабар?» Æз сæм хъуыстон, æмæ ма мæ зæрдыл абон дæр æрлæууы уыцы ныхас.
Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады ис уацмыс «Се человек». Чидæр уыцы заман Созыры-хъойы сардыдта, Къоста йæ дæу тыххæй ныффыста, зæгъгæ, æмæ инæлар тынг смæсты.
Къоста ахæстæй хъуамæ æрыздæхтаид, æмæ Даргъ-Къохмæ адæм йæ размæ цыдысты. Хораны-фырт мæстæй йæхицæн бынат нæ ардта. Æрæмбырд кодта Æрыдоны фæсивæды, уæлдæр кæй ранымадтон, уыцы лæгты (уæд æрыгон лæппутæ уыдысты), æмæ араст кодтой Къостайы размæ. Поезд Даргъ-Къохы станцæмæ куы æрбахæццæ, уæд Хораны-фырт уæлбæхæй фæсивæдмæ дзуры: «Ныртæккæ ма кæсут, мæ ехсæй йæ куыд æрцæфтæ кæндзынæн, уымæ». Фæлæ ауыдтой, зæрдæ кæмæй ныккæрзыдтаид, ахæм ныв. Поездæй æрхызт Къоста. Къуылых, рынчын лæг тых-амæлттæй йæ къæхтыл цыдис, ирон адæм та йæ размæ уадысты. Созырыхъо йæ ехс бафснайдта æмæ загъта, ома, уый уæртæ цы хуызæн уавæры ис, тыххæй куы лæууы йæ къæхтыл, уæд ма йæ æз дæр куыд бафхæрон. Йæ бæх разылдта æмæ фæсивæдимæ фæраст, кæцæй æрцыд, уырдæм.
Мæ фыдымад Сихъо-ты Фатимæ тынг бирæ таурæгътæ, кадджытæ æмæ аргъæуттæ зыдта. Цымыдисæй-иу æм хъуыстой зæрондæй, ногæй. Уыцы хабар Æмбалты Цоцко куы базыдта, уæд нæм иу хатт нæ хæдзармæ æрбацыд. Хъуыста æмæ фыста Фатимæйы рагон хабæрттæ. Мæ фыд Биболаимæ тынг слымæн Цоцко æмæ нæм-иу уазæгуаты арæхдæр æруад. Мæ мад Челæхсиан та-иу сын уайтагъд дзаджджын фынг авæрдта. Политикон репресситы рæстæг Æмбалты Цоцкойы куы æрцахстой, уæд мæ фыд тынг хъыг кодта, æнкъардæй бадтис нæ хæдзары æмæ-иу загъта: «Кæмæн цы кодта уыцы хæрзгæнæг лæг, рухс куы хаста талынг æнахуыргонд адæмæн… Зæрдæхæлар æмæ рæсугъд адæймагмæ цы азым ссардтой?» Бирæ рæстæг рацыд уæдæй абонмæ, фæлæ мæ нæ кæнынц рох ацы дыууæ цауы, –дзырдта Уырызмæг.
Диссаг у: кæрæдзиуыл ардауын æмæ дзырд хæссыны миниуджытæ нын «бынтæн» баззадыс-ты нæ рагфыдæлтæй æви куыд? Хоранты Созырыхъо йæ заманы хъуыстгонд, кадджын æфсæддон лæг уыд, Къоста – нæ адæмы, нæ нацийы сæрыстырдзинад. Чи сæ ардыдта кæрæ-дзийы ныхмæ, уыдон та – æнæзонд, тæлтæг æмæ æгъатыр адæймæгтæ. Ардыды азарæй уыцы рæстæджыты æфсымæр æфсымæры дæр амардтаид. Кæрæдзийыл ныхас хæссынæй, ардауынæй политикон репресситы дæр уый бæрц æнаххос адæм фесæфт. Æндæр, Сталин кæцæй зыдта, хохы Сафарбег кæй цæры, ис æм дыууæ хъуджы, æмæ у «кулак». Адæймаг йæ фыдæбонæй, йæ сурхид калгæйæ, æхсæвæй-бонæй куыста, цæмæй йæ бинонтæ æххормаг ма уой. Дыууæ хъуджы кæмæ уыдис, уый цавæр бонджын æмæ «кулак» уыд? Хуыцау мауал зæгъæд уыцы замантæ, фæлæ абон дæр не скуынæг сты канд ирон адæмы æхсæн нæ, фæлæ æппæт адæмтæм дæр кæрæдзийыл ардауын æмæ дзырд хæссыны æнаккаг миниуджытæ.














