Хъæрæсе-Черкесийы сæйраг горæт Черкесскы ацыд Уæрæсейы Федерацийы Советы æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмгуыстады фæдыл къамисы æмбырд.
Хъуыддаджы балцы архайдта амынд къамисы уæнг, Цæгат Ирыстонæй Уæрæсейы сенатор Виталий Назаренко.
Уæрæсейаг делегацийæн разамынд лæвæрдта Федерацийы Советы хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг, Уæрæсейы Хъæбатыр Виктор Бондарев, хуссарирыстойнагæн та – республикæйы Парламенты æддагон политикæйы комитеты сæрдар Дриаты Заза.
– Къамисы æмбырд нымад уыд балцы программæйы хъуыддаджы хайы сæйраг цауыл. Парламентты ‘хсæн ахастдзинæдты райрæзтимæ баст чи у, дæсæй фылдæр ахæм фарстатыл биноныг æрныхас кодтам, – зæгъы Виталий Назаренко.
Хъæрæсе-Черкесийы Орджоникидзейы поселочы æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл хъæуы чи æрбынæттон, балцы рæстæг парламентаритæ бабæрæг кодтой Кавказы æфцджытæ хъахъхъæнджыты уыцы номарæн комплекс æмæ Беслæны террористон фыдракæнды амæттæгтæн цыртдзæвæн.
Уымæй уæлдай, къамисы уæнгтæ архайдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн паддзахадон хæрзиуджытæ раттыны фæдыл Уæрæсейы Хъæбатыр Канамат Боташевы номыл æфсæддон ахуырадон центры æмæ республикæйы æфсæддон комиссарады бæстыхайы къулыл амынд операцийы хъæбатыр Бислан Джабаевæн номарæн фæйнæг байгом кæныны кадæн арæзт кадджын æмбырдты.
Æлборты Зæлинæ














